Ног культурæйы галуан

20.04.2022
Николавскæйы цæрджытæн абон бæрæгбон у. Сæрдæй нырмæ цы цаумæ æнхъæлмæ кастысты уый цыл æрцыд. Цæлцæггæн куыстыты фæстæ байгом культурæйы галуан. Ныр сывæллæттæн сæ бон у алыхуызон аивадон къордтæм цæуын. Галуаны ахадындзинад алчи дар ацы хъæуы хорз æмбары. Аивадмæ тырнынц бирæтæ. Чи зоны фидæны рæстæг, Николаевскæйы клубы срæза ног стъалытæ. Абон та ацы хъæуы цæрджытимæ цалцæггонд бæстыхайыл бацин кодта нæ уацхæссæг Пелиты Сабинæ. Районты цæрджыты ныр сæ уæгъд рæстæг рæсугъдæй æрвитдзысты цалцæггонд культурæйы галуанты. Афтæ Дыгуыры районы, Николаевскæйы станицæйы дæр рацарæзтой сæ культурæйы хæдзар æмæ йæ абон кадджын уавæры байгом кодтой. Цæрджытæ стырæй-чысылæй æрымбырд сты ацы рæсугъд бæрæгбонмæ. Бæстыхаймæ адæмæй бацæуæн нæ уыд, уымæн æмæ ацы цаумæ бирæ рæстæг æнхъæлмæ кастысты. культурæйы артдзæст кадджынæй байгом кодта нæ республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз. Йæ ныхæстæм гæсгæ ахæм хæдзæрттæ фæсивæды рæзтæн хорз фадæттæ дæттынц, уый та сæ курдиаттæ раргом кæнынæн ахъаз у. Галуан саргъуыдта Алайнаг æмæ Дзæуджыхъæуккаг архиепископ Леонид. Хистæр кары адæм, уæлдайдæр та сывæллæттæ цин кодтой ног бæстыхайыл. Æхсызгонæй æнхъæлмæ кастысты ацы цаумæ. Галуанæн бындур æвæрд æрцыд 1970 азы. Цыппор азæй фылдæр цалцæггонд нæ уыд. Фæлæ йæм федералон программæмæ гæсгæ базылдысты. Схардз ыл кодтой 5 милуаны 4 сæдæ фæндзай сомы. Ныр залы ис 380 бадæн бынаты. Аивадон къордтæ кæд нырма сæ фыццаг къахдзæфтæ кæнынц, уæддæр сын хорз уайы. Бирæтæ та нырма ныр фæнд кæнынц ардæм цæуын. Чысыл сабиты зæрдæмæй аивад кæй цæуы, уый наййарджытæ рагæй бафиппайдтой Николаевскæйы цæрджытæн сæ сæр бæрзонд у хæссын Хъазаккаг адæмон къордæй. Бирæ азты зарынц алыхуызон зарджытæ. Ацы аз сбæрæг кæндзысты сæ 60 азы юбилей. Уымæй уæлдай ма абон станицæмæ æрбацыд бирæ уазджытæ. Красногоры кафджыты къорд «Ныфс акодта 2 рæсугъд кафты. Ног культурæйы хæдзарыл зæрдиагæй бацин кодтой. Станицæйы цæрджытæ 2 мины 3 сæдæ адæймаджы сты. Сæ фылдæр аивадмæ тырнынц. Галуаны кусдзæн 7 аивадон къорды: адæмон æмæ нырыккон кæфтыты, вокалон, театралон, аивадон ныхасы æмæ æндæр къордтæ. Курдиатджын адæймагæн фадат радт æмæ дзы хорз спайда кæндзæн. Ног фадæттæ фæзынд Николаевскæйы цæрджытæн. Сывæллæттæн ныр сæ бон уыдзæн алыхуызон аивадон къордтæм цæуын. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ фидæны Ирыстоны культурæ фæхъæздыгдæр зæрдæргъæвд фæсивæдæй. Пелиты Сабинæ, Кодзаты Заур, Ирыстоны Хабæрттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Похожие видео

Показать еще