Битарты Вячеслав фембæлд 58-æм æфсады ног къамандыгæнæг, инæлар-майор Михаил Зуськоимæ
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав фембæлд 58-æм æфсады ног къамандыгæнæг, инæлар-майор Михаил Зуськоимæ. Ног куысты бынаты фæдыл ын республикæйы сæргълæууæг арфæтæ ракодта. Инæлар-майор Михаил Зусько раздæр уыди 58-æм æмæ 8-æм æфсӕдты къамандыгæнæджы хæдивæг, стæй ма разамынд лæвæрдта Хуссар æфсæддон зылды 49-æм æфсадæн. Хъахъхъæдта Уæрæсейы арæнтæ Цæгат Кавказы, Хуссар æмæ хурныгуылæн фарсæй. Инӕлар-майор республикæйы сæргълæууæгæн бузныджы ныхæстæ ракодта æмæ фæнысан кодта, Цæгат Ирыстонмæ сыздæхын ын æхсызгон кæй у, уый. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Похожие видео
Показать еще