Кафаг чызг
"Ты супер!" Ахæм ныхæстæ зæгъæн ис сывæллæтты хæдзар "Виктория"-йы хъомылгæнинаг Уататы Надеждæйæ. Абон йемæ фембæлд Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы æххæстбарджын минæвар УФ-йы Президенты цур Дзанайты Барис. Æвзонг чызгмæ арфæйы фыстæ арвыста Битарты Вячеслав дæр. Куыд зонут, афтæмæй Надежда архайдта телепроект "Ты супер"-ы. Йæ тыхтæ конкурсы бафæлварынмæ йæ сразæнгард кодтой йæ ахуыргæнджытæ. Йæ фарс хæцыдысты республикæйы цæрджытæ дæр. Алы къуыри кастысты эфирмæ. Æвзонг чызг кафджытæм цæуы 4 азы. Йæ арæхстдзинад æмæ сценæйы йæхи куыд дары, уый жюрийы зæрдæмæ фæцыд. Чызг бахæццæ 2-аг турмæ. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй тынг мысыд йæ райгуырæн бæстæ. Æрхæндæг зæрдæимæ кафын та зын у. Куыд зонут, афтæмæй проект аразджытæ сывæллæтты хæдзæртты хъомылгæнинæгтæй æмæ æнæ ныййарджытæй чи баззад, уыдонæй æвзæрстой курдиатджын кафджыты. Фадат сын радтой сæхи равдисынæн æмæ царды сæ фæндаг ссарынæн. Цæгат-ирыстойнаг чызгыл фыццаг æвзарæн къæпхæнæй дæр алчи йæ цæст æрæвæрдта. Се `хсæн уыдысты Дзанайты Барис æмæ республикæйы сæргълæууæг дæр. Дзанайты Барис - Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы æххæстбарджын минæвар УФ-йы Президенты цур: " Мах абон сæрæстыр стæм не мзæххон йæхи куыд равдыста, уымæй. Республикæйы кад бахъахъхъæдта рæсугъдæй, аивæй. Нæ республикæ кæддæриддæр хъуыстгон уыд йæ дæсны кафджытæй. Æхсызгон у ныры фæлтæр дæр сæ традицитæ кæй æххæст кæнынц, уый. Нæ бон куыд у, афтæ сын æххуыс кæндзыстæм мах дæр". Уататы Надежда - сывæллæтты хæдзар "Виктория"-йы хъомылгæнинаг: " Алы бон дæр немæ куыстой фæлтæрдджын хореографтæ. Се ппæтæн дæр дæн тынг бузныг. Конкурсы мæ зæрдæмæ фæцыд, фæндыд мæ дарддæр архайын. Фæлæ Ирыстоны тынг мысыдтæн, фæндыд мæ нæхимæ æмæ æрцыдтæ мæ уарзон хæдзармæ". _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Похожие видео
Показать еще