Худинаг!

19.04.2022
Лæгдзинад равдисынæн алчи алыхуызон мадзæлттæ агуры. Иутæн сæ хъæппæрис ахады æхсæнады хорздзинадыл. Иннæтæ та сæ тыхтæ `взарынц, аккаг дзуапп радтын йæ бон кæмæн нæу, уыдоныл. Цас лæгдзинад у уый, ацу æмæ йæ равзар. Уæвгæ, нæ дарддæры `рмæджы хъайтарæн йæ фæливæн митæн хорз аргъ скодтой. Чи, чи, æмæ барадхъахъхъæнджытæ. Карджын сылгоймаджы зæрдæхудты чи бацыдис, уымæн йæ рохтыл æрхæцыдысты. Куыд, уый уын æвдисæм. Дзæуджыхъæуы цæрæг Таисия Макарова йæ зæрдыл уыцы бон хорз бадардта. Цæстыфæныкъуылдмæ йын йæ хæдзар куыд фæкъахтой, уый æмбаргæ дæр нæ бакодта. Уыимæ, кæуыл æууæндыд, ахæм адæймаг. Таисия Макарова, Дзæуджыхъæуы цæрæг, пенсиисæг: «Фыццаг мæм æрбадзырдта, æмæ мын афтæ зæгъы, дæ цоты цотæй, дам, иу бавзæр, мæнæ, дам, цъыфы йæхи сæвдылдта, æмæ, дам, дæм хъуамæ æвæстиатæй бауайон. Æрбацу, зæгъын, табуафси... Рæстмæ ма кæй зонд карстаид ахæм фæдисы хабары?! Цы йын хъуамæ загътаин? Уыйфæстæ мæхи бахордтаин фæсмонæй. Æрбацыд. Фæлæ цыдæр æнахуыр дардта йæхи. Разил-базил кодта фатеры къуымты, цыдæр цыма агуырдта, афтæ. Суанг ма пъолыл гауызы тигъы бынмæ дæр бакаст. Уыйфæстæ æрбадт. Мæнæ ацы ран мæм уыдис 5 мины. Мæнæ ацы ран та - иу мин. Стæй ма 200 сомы таксийæн. Уæгъдæй сæ нæ дардтон, фæлæ сыл йæ цæст куыд æрхæцыд - мæгъа... Рацæй-рабон, æмæ сæ æрбасатар кодта». Æрбафæлывтой йæ, зæгъгæ, карджын сылгоймаг уый куы бамбæрста, уæд йæ чызгимæ æвæстиатæй пъæлицæмæ фæхабар кодтой. Барадхъахъхъæнджытæ фæсæрæн сты, æмæ суткæйы `мгъуыдмæ Дзæуджыхъæуы пъæлицæйы 1-æм хайады кусджытæ фыдгæнæнджы къæдзил æрæлхъывтой. Горæты цæрæг разаынд. Таисия Макарова, Дзæуджыхъæуы цæрæг, пенсиисæг: «Мæ цæстæй сæ ракастæн, æххуысмæ кæмæ баулæфыдтæн, уыцы пъæлицæйæгтæй. Раст мын хионы æххуыс бакодтой». Нелли Кийко, Таисия Макаровайы чызг: «Тынг разыйæ баззадыстæм сæ куыстæй. Сæ куыст иттæг хорз зонынц. Уæдæ сæхи куыд хæрзæгъдауæй равдыстой, уый дæр бирæйы аргъ у». Кæй рохтыл æрхæцыдысты, уый разынд Дзæуджыхъæуы 30-аздзыд цæрæг. Куыд рабæрæг, афтæмæй фыццаг хатт нæ бахауд пъæлицæйы къухмæ. Уый нæ, фæлæ ма Таисия Макаровайы фатер уыцы бон дыккаг хатт дæр фæкъахта. Æдæппæтæй фыдгæнæгæн йæ «цуантæ» йæ дзыппытæ фæхъæздыгдæр кодтой 25 мин сомæй. Ныртæккæ йæ бамидæг кодтой рæстæгмæ дарыны изоляторы. Барадхъахъхъæнджытæ байгом кодтой уголовон хъуыддаг. Фыдгæнæгæн йæ бон у ахæстонмæ 5 азы `мгъуыдмæ бахауын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео