Дзæуджыхъæуы инæлар Хетæгкаты Георгийы номыл уынджы баивтой дондзæуæн хæтæлтæн сæ фылдæр хай

19.04.2022
Дзæуджыхъæуы инæлар Хетæгкаты Георгийы номыл уынджы дондзæуæн хæтæлтæн сæ фылдæр хай баивтой. Раздæры хæтæлтæ æмбæлгæ домæнтæн дзуапп нал лæвæрдтой. Хъуыддаг бантыст Дзæуджыхъæуы администрацийы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады комитеты фæрцы. Доны ног хæтæлты дæргъ у 650 метры. Куыстытæ дзы цыдысты иу мæйæ фылдæр. Ныр 70 хæдзарæй фылдæрмæ кæлдзæн сыгъдæг дон, уыимæ æнæ къуылымпытæй. Куыстытыл æдæпæтæй бахардз кодтой 4 милуан соммæ ввахс. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще