Ацы аз Дзæуджыхъæуы рацараздзысты 6 хиды

16.04.2022
Бетоны конструкцитæ æмæ хиды гæрæнттæ ныффидар кæнын. Ацы аз Дзæуджыхъæуы рацараздзысты 6 хиды. Сног дзы кæндзысты рухсгæнæн системæ дæр. Кировы хидыл куыстытæ райдыдтой фарон декабры. Ныртæккæ дзы ног кæнынц, бетон чи хъахъхъæны, ахӕм уæлцъар. Хъæудзæн ма æнцойгæрæттæ ныффидар кæнын æмæ конструкци сахорын. Æмбæлгæ уавæрмæ æркæндзысты фистæгдзæуæн къахвæндæгтæ. Пожарскийы, Чапаевы, Чкаловы æмæ Плиты Иссæйы номыл уынгты цы хидтæ ис, уыдонмæ дæр базилдзысты. «Владикавказ» фысымуаты ныхмæ цы хид ис, уый дæр ацы аз йæ хуыз скалдзæн. Згъæрæй конд аркæтæ змисӕй ныссыгъдӕг кӕндзысты, уый фæстæ сæ сахордзысты. Цалцæггæнæн куыстытæ фистæгцæуджыты нæ хъыгдарынц, æрмæст иуæй-иу хатт фæкъуылымпы кæнынц хæдтулгæты змæлд. 6 хидæн Дзæуджыхъæуы администраци рахай кодта 30 милуан сомы. Фидæны фæнд кæнынц, Пашковскийы номыл уынджы историон нысаниуæг цы хидæн ис, уый рацаразын. Кæддæр дзы цыдысты трамвайтæ. Проектон-хыгъдон гæххæттытæ ацы объектæн фидаргонд æрцыдысты. Марина Караева _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще