Дзæуджыхъæуы куыстдæттыны комитеты фембæлдысты фидæны студенттимæ
Дзæуджыхъæуы куыстдæттыны центры æрвылаз саразынц фидæны студенттæн фембæлдтытæ техникумты минæвæрттимæ. Мадзалы фæлгæты ахуырдзаутæн бæстон радзурынц, цæмæй цымыдисаг сты сæ ахуыргæнæндæттæ, уый. Ацы хатт дæр та фæтк нæ хæлы. Ахуыргæнæндоны дуарæй царды уæрæх фæндагмæ рахизынæн фæсивæдæн баххуыс кæнын. Афтæ аразынц сæ куыст, æрыгон фæлтæр фидæны дæсныйад кæй фæрцы æвзарынц, уыдон. Рагацау æркæсынц сывæллæтты æрдзон курдиатмæ æмæ йæ рæстырдæм саразынц. Фæсивæдæй йæхиуыл æххæстæй чи нæ феууæнды, уыдонæн баххуыс кæнынц сæрмагонд иртасæн фæлварæнтæ. Ацы мадзалы дæр сæ спайда кæнынц. Хистæр кары адæмæй ардæм чи `рбацыд, уыдон ахæм æххуысæн стыр аргъ кæнынц. Æмбарынц æй, ныры дуджы уый фæсивæдыл хæрзмæ кæй сахаддзæн. Сæхæдæг дæр æдзух сæ уæлхъус сты. Æнæвгъауæй сын дæттынц сæ зонындзинæдтæ, хизынц сæ рæдыды фæндагæй. Фидæны фæлтæрты къухы канд сæхи нæ, фæлæ ма æгас паддзахады хъысмæт дæр ис. Æхсæнады аккаг минæвæртты хъомыл кæнын - ахуыргæнæнджы ахсджиагдæр хæс. Сæхицæй йæ зонынц. Дзырдæн зæгъæм, ацы хатт мадзал саразджытæ суазæг кодтой Дзæуджыхъæуы базарадон-экономикон æмæ бирæвæрсыг техникумты, стæй ма Дзæуджыхъæуы электроникæйы колледжы минæвæртты. Уыдон нæ горæты 27 æмæ 28 скъолаты ахуырдзаутæн бæстон радзырдтой, цæмæй цымыдисаг сты, уый тыххæй. Гæнæн ис, æмæ ацы скъоладзаутæй ныр исчи амынд ахуыргæнæндонмæ бацæуа. Уæвгæ, фæсивæды курдиаты авналæнтæ уæрæх сты. Уыцы бон скъоладзаутимæ дзырдтой туризмыл дæр. Растдæр зæгъгæйæ та, фæсивæдæн сæ тыхтæ æмæ сæ зонындзинæдтæ уыцы къабазы кæй бахъæудзысты, уый тыххæй. Цæгат Ирыстоны хъæугæ специалистты ныридæгæн цæттæ кæнынц. Куы ма сыл бафта, уæд дзы æвзæрæй ницы. Уазæгæн «æгасцуай» зæгъын удыбæстæ у. Алчи мадзалæй рахаста ног зонындзинæдтæ. Фæсивæд сæ фидæнмæ фæхæстæгдæр сты. Сæ цæстæнгасæй бæрæг уыд, се `рбацыдыл фæсмон кæй нæ фæкодтой. Æнæмæнг, æвзыгъд æмæ дæсны фæсивæд æхсæнадæн кæддæриддæр пайда вæййынц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Похожие видео
Показать еще