Дыгуры районы социалон-экономикон райрæзты фарстатæ

02.07.2019
Дыгуры районы цæрджыты комуналон лæггæдты хæстæ фæкъаддæр сты. Уый тыххæй фехъусын кодта районы администрацийы сæргълæууæг Хъодзасты Марклен социалон экономикон райрæзты фарстатыл фæдыл æмбырды. Сарæзтой йæ абон. Разамынд ын лæвæрдта Хицауады сæрдар Тусъкаты Таймураз. Кусæг балцы архайдтой хъæууон хæдзарады министр Уазиты Хъазыбег æмæ финансты министр Бутаты Хъасполат Дыгуыры районы дыууæ ивгъуыд азæн хаддзæгтæ скодтой. Республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз фембæлд радон районы сæргълæууæг æмæ æхсæнадон кусджытимæ. Фембæлды ма бацархайдтой республикæйы экономикон райрæзты министрады æмæ республикæйы куыстдæттыны комитеты минæвæрттæ. Сæйраг фарстатæй иу - бюджеты уавæр. Тускъаты Тайумраз фæнысан кодта, уый бæлвырдгонд куы уа, уæд районы райхалинаг фарстатæм æркæсын æнцондæр уыдзæн. Дыгуры районы цард бæлвырд кæй фæхуыздæр, уымæн æвдисæн сты адæмы хæстæ газ, дон æмæ рухсæн кæй фæкъаддæр сты, уый. Кустæн хатдзæгтæ скодта районы администарцийы сæргълæууæг Хъодзасты Марклен. Æмæ кæд, æнтыстдзинæдтæ ис, уæд бакусинаг хъуыддæгтыл дæр дзурын хъæуы. Ивгъуыд куысты - æнтыстдзинадыл банымайæн ис районы скъолатæм æмæ сывæллæтты рæвдауæндæттæм бæстонæй кæй базылдысты, уый. Фидарæй зæгъæн ис æм абон Дыгуры районы рæвдауæндæттæм иунæг сывæллон дæр рады нæ лæууы. Уæдæ бæстыхæйттæ дæр сцалцæг кодтой. Раивтой сын сæ сæртæ, доны хæтæлтæ æмæ сæ алфамблæйттæ. Хъæуты уынгты райдыдтой æвæрын нырыккон рухсдæттæн системæтæ. Уымæй уæлдай ма, ныртæккæ цæуынц фæндæгтæ цалцæггæнæн куыстытæ. Кусджытæ райдыдтой архайын Дигорайы рæзты цы фæндаг цæуы, ууыл. Цалцæггæнæн куыстытæ цыдысты бирæфатерон хæдзæртты кæртыты дæр. Уымæй уæлдай ма районы хъæуты сарæзтой сывæллæттæн улæфæн фæзтæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ аразджытæ куыстыты хай скодтой сæхи хардзæй. Рохуаты нæ баззадысты культурæйы хæдзæрттæ дæр. Николаевскæйы станицæйы культурæйы хæдзар сцалцæг кæнынæн бахардз кодтой 5 милуан сомы. Ныр дæтты дзуапп æппæт нырыккон домæнтæн. Дигорайы культурæйы хæдзар дæр бæстонæй цалцæггонд æрцыд. Абон дзы архайы 620 сывæллоны. Æмæ ацы куыстытæм рагæй æнхъæлмæ кастысты. Раивтой пъолтæ, базылдысты хъармдæттæн системæмæ. Срæсугъд кодтой концертон зал. Дигорайы ма сарæзтой ног спортивон комплекс. Кусы дзы 10 секцийæ фылдæр. Архайынц та дзы 350 сывæллоны, районы алы хъæутæй. Уыцы æппæт проекттæ ууыл дзурынц æмæ бынæттон администраци йæ куыст раст кæй кæны, уый. Райхалинаг фарстатæ дæр ма ис, фæлæ уыдоныл дæр тагъд рæстæг бакусдзысты. #итв_общество #новостиОсетии #Ирафскийрайон #ТаймуразТускаев #СевернаяОсетия #ОсетияИрыстон #irystontv

Похожие видео