Ахсджиаг фарстатыл ныхас

20.04.2022
Цæгат Кавказы федералон зылды Паддзахадон рæзты программæйыл ныхас кодтой Ессентукийы. Сæрмагонд æмбырд амыдтой Уæрæсейы Хицауады сæрдары хæдивæг Виталий Мутко æмæ Цæгат Кавказы хъуыддæгты министр Сергей Чеботарев. Æмбырды архайджыты `хсæн уыдысты нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав, ахуырад æмæ наукæйы министр Азымты Иринæ, арæзтад æмæ архитектурæйы министр Икъаты Русланбег, æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Михаил Ратманов æмæ экономикон райрæзты министр Томайты Хъазыбег. Ныхасгæнджытæ куыд бафиппайдтой, афтæмæй Цæгат Кавказы рæзтмæ паддзахады разамынд уæлдай æргом здахы. Виталий Мутко куыд фæнысан кодта, афтæмæй уый тыххæй фидаргонд æрцыдысты дæсгай паддзахадон уынаффæтæ. Уымæ гæсгæ регионы алы субъект дæр хъуамæ æфтыд уа национ проекттæ æххæст кæныныл æмæ сæ алчи йæ фæндон бадæтта ацы азы фæззæгмæ. Уæрæсейы вице-премьер ма фехъусын кодта, æппынæдзух цæттæ кæй у æххуысмæ. Чи цæмæй цух у, уый базоныны тыххæй та Виталий Мутко рæхджы бабæрæг кæндзæн алы регион дæр. Фылдæр æргом æмбырды аздæхтой экономикон бæрæггæнæнтæ хуыздæр кæнынмæ. Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министр Сергей Чеботарев куыд загъта, афтæмæй «паддзахады иу сомы ныхмæ агурын хъæуы амалхъомдзинады дыууæ сомы. Инвестицион проекттæ та хъуамæ фæсвæд хуызы нæ, фæлæ æргом æмæ зындгондæй хъуамæ æххæст кæнæм». Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ «Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон райрæзты 2016-2025 азты» дæлпрограммæйы сконды ацы аз æххæст кæнынц 4 инвестицион проекты. Сæ иумæйаг хæрдзтæ – 500 милуан сомæй фылдæр. Бæлвырддæр дзургæйæ, уыдон сты туристон комплексы æмæ къалбасуадзæн куыстуаты арæзтад, стæй дыргъдæттæн æмæ дыргътæ рæстæгмæ дарыны бæстыхайæн бындур сæвæрын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Похожие видео