Фыдыбæстæ хъахъхъæнынмæ

20.04.2022
Контарктмæ гæсгæ æфсæддон службæмæ кæй фæнды ацæуын, уыдонæн абон радон хатт сарæзтой фембæлд. Æвзарæн пунктмæ цыдысты алыхуызон фарстатимæ. Уагæвæрдмæ гæсгæ сæ хъæуы бадæттын курдиат, уый фæстæ та психологон тест ацæуын. Дарддæр сæ хъæудзæн медицинон иртæстытæ раттын æмæ сæ физикон цæттæдзинад сбæрæг кæнын. Фæнысан кæндзыстæм уый, æмæ фыццаг контракт бафыссыны тыххæй Уæрæсейы Федерацийы гражданиныл хъуамæ цæуа 18 азæй - 40 азы онг. Æфсæддон службæйы уæвыны бар ис 50-азы онг кæуыл цæуы уыдонæн. Фæстауæрцы хыгъды чи ис æмæ уæлдæр ахуырады æвдисæндар кæмæ ис, уыдонæн дæр сæ бон контрактон службæмæ ацæуын у, кæд æфсады æппындæр нæ уыдысты уæддæр. Æвзарæн пункты разамынды ныхæстæм гæсгæ, ахсджиаг у, цæмæй сæ курдиæттæ чи бадæтты, уыдон æцæгæйдæр уой дæнцæгæн хæссинаг. Фæнысан кæндзыстæм уый, æмæ контарктмæ гæсгæ службæ у федералон паддзахадон службæйы сæрмагонд хуыз. Адæймаг æй ацæуы Уæрæсейы Федерацийы Гæрзфитонг тыхты, æрмæстдæр барвæндонæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео