Хъахъхъæдуры рацарæзтой футболон фæз

19.04.2022
Футболон темæ дарддæр ахæццæ кæндзыстæм нæ иннæ æрмæгæй дæр. Раздæр уæй кæнынмæ кæй хъавыдысты, уыцы фæзуат ныр сси фæсивæдæн хиирхæфсæн бынат. Хъахъхъæдуры цы уæгъд тъæпæн уыдис, уымæй фæсивæд сарæзтой футболæй хъазæн ран. Ссыгъдæг æй кодтой хæмпæлгæрдæгæй. Цæмæй йæм фос ма цæуой, уый тыххæй та йын йæ алыварс аиваздзысты хыз. Ахæм лæвар хъæуы цæрджытæн сæ къухы бафтыд нæ республикæйы сæргълæууæджы фæрцы. Хъахъхъæдур сæрыстыр кæмæй у, уыцы фæз дæр та мæхæдæг федтон. Футболæй хъазыны рæстæг адæймагмæ цавæр æнкъарæнтæ фæзыны, уый ацы фæсивæд ницæуыл баивдзысты. Æмæ уый хуымæтæджы нæу. Пурти хызы куы смидæг кæнынц, уæд ма сæхицæй амондджындæр кæм вæййы. Алкæй дæр сæ фæнды зындгонд футболист суæвын. Къæвда уа, хур кæса – Хъахъхъæдуры лæппутæ тренировкæтæм рацæуынц хъæугæроны футболон фæзмæ. Сæ иу Баситы Вадим, 11-аздзыд лæппу не `вгъау кæны нæдæр йæ хъару, нæдæр йæ рæстæг. Футболон фæз фæсивæды кæй хъæуы, уый дызæрдыккаг нæу. Фæлæ йæ уавæр у хуыздæрхъуаг. Рæсугъд гол бакъуырын æмæ дæсны техникæ равдисынæн хъæуы æмраст æмæ аив фæз. Уыцы курдиатимæ Хъахъхъæдуры фæсивæд бахатыдысты республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславмæ хъæуы цæрджытимæ фембæлды рæстæг. Фæзмæ базилынмæ сæ фадæттæ уыйас ницы амыдтой. Ныр сæ къух фæрæвдздæр. Арæзтадон æрмæгæн республикæйы сæргълæууæг радих кодта æхцайы фæрæзтæ. Лæппутæ балхæдтой ахорæнтæ æмæ цæджындзтæ. Рæхджы та фæзы алыварс аиваздзысты хыз. Цы ма сæм баззад, уыдонæй та сæ фæнды хъæуы футболуарзджытæн бандæттæ саразын. Куыстытæ кæнынц хи хъарутæй. Фæлладуадзæн бонты, уæлдайдæр сæрдыгон, сывæллæттæм пуртийæ хъазынæй хуыздæр ницы кæсы. Гом арвы бын спортивон фæзмæ æнхъæлмæ кæсынц бынæттон цæрджытæ дæр. Сæ хъуыдымæ гæсгæ, уыдон пайда сты сывæллæтты æнæниздзинад фæхъæддыхдæр кæнынæн. Тынг сæ фæнды, цæмæй рæзгæ фæлтæр уой æнæниз æмæ спорты хуызты сæхи фæлварой. Аразынц та йæ хъæуы астæу. Курдиатджын фæсивæды разæнгард кæнынц хистæртæ дæр. Уæвгæ хъазынмæ сывæллæттæ сæхæдæг дæр тырнынц æмæ алкæддæр цæттæ пуртийы фæдыл аразгъор-базгъор кæнын. Сæ арæхстдзинад равдисынмæ Хъахъхъæдурмæ æрбацæуынц сыхаг хъæутæй дæр. Саразынц кæрæдзийы `хсæн ерыстæ. Спорты бæрзæндтæм тырнгæйæ, куыстытæ фæуын нысан кæнынц хæстæгдæр рæстæг. Фæзы уæлцъар та бындуронæй раивдзысты фæззæджы кæрон. Кæд къух амона, уæд дзы рухсытæ дæр сæвæрдзысты. Ног фæз æвзонг футболистты зæрдæтæ фæхайджын кодта цавæрдæр тых æмæ уæлахизтæм тырнындзинадæй. Кæд алцыдæр рауайа, уæд спортивон фæзы йе `вдæлон рæстæг иннæ аз арвитын йæ бон уыдзæн, кæй фæнда, уыдонæй алкæмæн дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео