Фидæныл хъуыдыимæ
Дзæуджыхъæуы, Бинонты царды фæтк аразæн центры, сарæзтой æрвылазон акци «Цард мын балæвар кæн», зæгъгæ. Йæ амидингæнæг у æхсæнадон-культурон Фонд, йæ сæргъы Светлана Медведева, афтæмæй. Акцийы нысан у æхсæнады æргом æфхæлцыты профилактикæмæ аздахын. Къуырийы дæргъы уыдоны тыххæй дзурдзысты сылгоймаджы æнæниздзинад хъахъхъæнæг республикон уагдæтты. Æрбацæуджыты зонгæ кæндзысты æфхæлцы зианхæссæг фæзындтимæ æмæ æнхъæлцау уæвыны пайдаимæ. Цæмæй ног зонындзинæдтæ сылгоймæгты ма ферох уой, уый тыххæй сын балæвар кæндзысты сæрмагонд мыхуырон æрмæджытæ æмæ брошюрæтæ. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ ахæм акцитæ хъуамæ зынгæ фæкъаддæр кæной æфхæлцыты нымæц. Уый та хорзырдæм ахаддзæн æгас паддзахады демографион уавæрыл. Бинонты царды фæтк аразæн центры сæйраг дохтыры хæдивæг Æлдаттаты Ларисæ: «Акци уыйтыххæй расидтысты, цæмæй иууылдæр бамбарой – адæмы царды бинонтæй хуыздæр ницы ис. Цæмæй фидар уой, цæмæй нæ фидæн бæллиццагдæр уа, уыйтыххæй сылгоймæгтæ хъуамæ æнæрхъуыдыйæ æфхæлцы фæндагыл ма цæуой, цæмæй сын фылдæр сывæллæттæн цард лæвар кæнын æнтыса. Мах уымæ не `ргом канд акцийы бонты не здахæм. Нæ куыст сæрысуангæй баст у уыимæ, цæмæй æнхъæлцау сылгоймæгтæ стыр рæдыды фæндагыл ма цæуой». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv