Фæллой-царды фæрæз
Мах та уал æндæр хабæрттæм здæхæм. Цæгат Ирыстоны фермеры куыст кæныны фæнд чи скодта, уыцы адæмæн радих кодтой 22 милуан сомы. Хъæууон хæдзарады къабазы хи куыстуат байгом кæныны фадат фæзынд паддзахадæй субсидитæ æмæ грантты хуызы æххуысы фæрцы. Ивгъуыд азты нæ республикæйы гранттæ радтой амалхъом адæмæн. Се `хсæн - Къостанты Георгий. 2016-æм азы райста цалдæр милуан сомы. Уый руаджы байгом кодта хи фермæ. Æнтысджынæй йын кусы. Нæ уацхæссæг Хуасдзауты Алинæ йын йæ хъуыддæгтæм сцымыдис æмæ араст Æрæфы районмæ. Дæттæм ын ныхасы бар. Къостанты Георгий фосы куыст кæнын фæнд рагæй кодта. 2016 азы нæ республикæйы хъæууон хæдзарады министрады грантты руаджы йæ къухы бафтыд. Уыцы фæрæзтæй сарæзта фермæ. Фермæ арæзт у нырыккон домæнтæм гæсгæ. Хосдон æппынæдзух дзаг. Ифтонггонд у цырæгътæй. Фосдон – сыгъдæг. Алы хъуджы цур дæр йæ ном бæрæггонд у. Фосмæ зилынæн дзы ис æппæт хъæугæ уавæртæ дæр. Къултыл та фæйнæджытæ бахъуаджы сахат исты фæбæрæг кæнынæн. Æмæ куыннæ! Ахæм лæгмæ кæд цы хъуыды `рцæудзæн, уый чи зоны. Æппынæдзух дæр йæ куысты уæлхъус ис. Фосы холлагмæ Георгий здахы уæлдай æргом. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ продукцийы хæрзхъæддзинадыл уый, æнæмæнг, хуыздæрырдæм ахады. Ис æм фосæн дон æмæ хæринаг хъармгæнæн кусæнгарз дæр. Ныртæккæ Георгимæ ис стурвосы 80 сæры æмæ 16 роды. Сæ нымæц сабыргай фылдæр кæны. Алкæмæдæр дзы ис уæлдай цæстдард. Тынг зæрдиагæй сæм зилынц. Георгий куыд зæгъы, афтæмæй архайы мах уавæртæн хуыздæр чи фæразы, ахæм фос дарыныл. Уалдзæджы йын вæййынц быдырты. Уым дæр сæм Георгий йæ цæст æппынæдзух дары. Ныридæгæн сæм ис æхсыр, цыхт æмæ царвы продукци. Георгийы фермæйы ис сызгъæрин хъуг дæр. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ цæстдзыдæй хизы. Ауды йын йæ фидæныл дæр. Пълæнттæ та йæм бирæ ис. Фæнды йæ йæ фосы нымæц фæфылдæр кæнын, стæй ма æхсыры куыстгæнæн хай рацаразын. Уый руаджы йæ продукцийы хуызтæ фæфылдæр уыдзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Похожие видео
Показать еще