Дзæуджыхъæуы Пъæлицæйы 3 æм хайады кусджытæ рабæрæг кодтой наркотиктæ чи парахат кодта, ахæм сылгойм

19.04.2022
Дзæуджыхъæуы Пъæлицæйы 3-æм хайады кусджытæ рабæрæг кодтой наркотиктæ чи парахат кодта, ахæм сылгоймаджы. Уый разынд Дур-Дуры цæрæг 23 аздзыд сылгоймаг. Æрцахстой йæ Дзæуджыхъæуы, Весеннийы уынджы. Фæнд кодта æвæрæн героинимæ скæнын. Фæлæ йын нæ бантыст. Сæрмагонд хъусынгæнинагы фæстæ барадхъахъæнджытæ сылгоймагмæ сæ цæст дардтой. Куыд рабæрæг, афтæ закъонхалæг йæ цæрæн бынат ивта арæх. Æрвылбон цард алыхуызон фатерты. Ивгъуыд æхсæвы йæ æрцахстой пъæлицæйы кусджытæ. Разынд æм урс буаргъдимæ тыхтонтæ. Сæ иумæйаг уæз 7 граммы, афтæмæй. Ныридæгæн сылгоймæгы ныхмæ байгом кодтой уголовон хъуыддаг. 228-æм статьямæ гæсгæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще