Алагирæй Дзæуджыхъæумæ маршруты кæройнаг æрлæууæн бынат кæм уыдзæн

19.04.2022
Ныр раздæхæм, ивгъуыд къуырийы цæуыл дзырдтам, уымæ. Алагирæй Дзæуджыхъæумæ цы маршрутон такситæ цæуынц, уыдонæн, гæнæн ис, æмæ сæ кæройнаг æрлæууæн бынат æндæр ранмæ аивдзысты. Бæлвырддæр зæгъгæйæ, 1-æм автовокзалмæ. Бирæ азты дæргъы маршруткæтæ Алагирæй бæлццæтты ластой Ирон театры цурмæ. Дзæуджыхъæуæй та Алагирмæ здæхтысты сывæллæтты клиникон рынчындоны цур фæзæй. Ног фæндон æддæг-мидæг ауайын кодта куыд шофырты, афтæ бæлццæтты дæр. Разы не сты автовокзалмæ цæуыныл. Сæ хъаст махмæ дæр фæхæццæ кодтой. Цæуыл банцайдзæн хъуыддаг, уый базоныны тыххæй мах бахатыдыстæм бæрнон кусджытæм. Сæ дзуапп нырма абон срæвдз ис. Байхъуыста йæм нæ уацхæссæг Хуасдзауты Алинæ æмæ йæ сымахæй дæр нæ басусæг кæндзæн. Алагирæй Дзæуджыхъæумæ - Ирон театры цурмæ. Фæстæмæ - сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны цурæй. Ахæм фæткмæ гæсгæ куыстой, рейсыл чи дыууæрдæм кодта, уыцы маршрутон такситæ. Ныр æй хъуамæ аивой. Маршруты кæройнаг æрлæууæн ран ахæсдзысты 1-æм автовокзалмæ. Алагирæй дæр адæмы уырдæм ласдзысты, фæстæмæ дæр-иу - уырдыгæй. Бæлццæттæ ахæм ногдзинадимæ разы не сты. Сабухтой, уымæн æмæ, дам, фæндагыл цы рæстæг хардз кæнæм, уый зынгæ фæфылдæр уыдзæн. Уæлдай сагъæссаг уавæры, адæмы хъуыдымæ гæсгæ, студенттæ уыдзысты. Куыд зæгъынц, афтæмæй, дам-иу, ахуырдзаутæ фæндæгтыл лæугæйæ баззайдзысты. Уæлдайдæр, ома, автовокзалы цур - æнæуый дæр адæмæй азмæлæн кæм нæ вæййы, уым. Маршруты кæройнаг лæууæн бынат æндæр ранмæ ивынмæ кæй хъавынц, уыимæ разы не сты шофыртæ дæр. Æмбарынц æй, рынчындоны цур сæ хæдтулгæтæ кæй æмбырд кæнынц, уый бынæттон цæрджыты кæй хъыгдары, уый. Кæм лæууынц, уыцы фæз æгæр гыццыл у. Æнæбары сæ бахъæуы цæрæн хæдзæрттæм сæхи хæстæгдæр байсын. Фæлæ сæ бынтон афтæ дардмæ ацæуын кæндзысты, уый сæ нæ фæнды. Дзырд кæддæридæр дзырд сайы. Адæм куыд зæгъынц, афтæмæй, дам, шофыртæн бæлццæтты суанг фæндагыл æвæрд æрлæууæн бынæтты рахизын кæнынæн дæр бар нæ уыд. Æнæмæнг хъуамæ кæронмæ ацыдаиккой æмæ дарддæр сæ бар - сæхи. Цас раст сты ахæм ныхæстæ, уый нæ зонæм. Фæлæ сыл шофыртæ хъæбæрдзыхæй лæууынц. Хъуыддаг раиртасынæн бахатыдыстæм бæрнон куыстуæттæм. Куыд нын бамбарын кодтой, афтæмæй нæ республикæйы хъæутæй цы æхсæнадон транспорт цæуы, уый кæройнаг æрлæууæн бынæттæ фидаргонд сты сæрмагондæй. Алагирæй цæуæг маршрутон такситæ хъуамæ лæууой Автовокзалы. Рынчындоны цур та нысангонд сты, горæты мидæг цы транспорт цæуы, уыдонæн. Рынчындоны цур маршруткæтæн лæууæн нæй. Адæм рагæй сахуыр сты уырдыгæй Алагирмæ цæуыныл. Фæлæ закъонмæ гæсгæ хъуамæ цæуой автовокзалæй. Хъуыддаг рагæй æркæсинаг у. Æмгуыст ыл кæнæм транпорты министрад æмæ фæндаггон æдасдзинады паддзахадон автоинспециимæ. Фæлæ йæ бынатæй нæма фенкъуыст. Рынчындоны цур цы адæм цæры, уыдон дæр хъаст кæнынц. Уый дæр хынцын хъæуы Шофырты автовокзалмæ куы акæной, уæд сæ фидын хъæудзæнис æви нæ, стæй цас, уыдон бæлвырдæй зонынц нæ республикæйы траснпорты министрады. Кæройнаг æрлæууæнæй раздæр-иу кæй бафæнда ахизын адæмæй æмæ сын ахæм бар уыдзæнис æви нæ, уый дæр бæлвырдæй мæ бон зæгъын нырма нæу. Ац

Похожие видео

Показать еще