Дзæуджыхъæуæй Мæздæгмæ фæндаджы цалцæггæнæн куыстытæ дарддæр цæуынц

19.04.2022
Мæздæгæй Дзæуджыхъæумæ фæндаджы цалцæггæнæн куыстытæ дæр дарддæр цæуынц. Ныртæккæ кусынц Зилгæйы цур дыууæ хид саразыныл. Иу ран уал, бындурæн йæ фыццаг хай сæвæрдтой. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Мæздæгæй Дзæуджыхъæумæ фæндагыл кусын райдыдтой 17 июлы. Куыстытæ хъуамæ кæронмæ ахæццæ уой иннæ аз декабры онг. Фæндагмæ базилынæн радих кодтой 2 миллиард сомы. Уыдонæй 100 милуаны бæрц - федералон бюджетæй. Иннæ фæрæзтæ та- республикон бюджетæй. Фæндаджы дæргъ уыдзæн 57 километры. Цæудзæн Бæтæхъо, Хурыхъæу æмæ Малгобекы уылты. Ног фæндагыл сæвæрдзысты хæрзхъæд асфальт æмæ бетонæй уæлцъар. Фæндаггон змæлд йыл цæудзæн дыууæрдæм. Уый руаджы Дзæуджыхъæуæй Мæздæгмæ фæндаг 40-50 минуты фæцыбырдæр уыдзæн. Куыстытæ æххæстгæнæн компанийы минæвæртты ныхæстæм гæсгæ, фæндаг сараздзысты æмбæлгæ рæстæгмæ. Стæй сæ хæрзхъæддзинад дæр дызæрдыккаг нæ уыдзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще