Республикæйы дарддæр цæуынц саудæрæн æмæ хъыггæнæн мадзæлттæ

19.04.2022
Республикæйы дарддæр цæуынц саудæрæн æмæ хъыггæнæн мадзæлттæ. Мысынц Беслæны 2004-æм азы теракты амæттæгты. 15 азы рацыд, фæлæ зæрдæйы хъæдгæмттæ нæ байгас сты. Номарæн вахтæ куыд æрвылаз, афтæ ныр дæр ахæсдзæн цалдæр боны. Кæртмæ адæм цæуынц мыдадзын цырæгътæ æмæ дидинджытимæ. Кæмæндæрты сæ къухы доны æвгтæ æмæ сабиты хъазæнтæ. Æдзард сабиты номыл дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрдта республикæйы хицауад. Адæм цæуынц чыртæ-чыртæй, цæссыгкалгæ. Беслæны рыстзæрдæ адæмы фарсмæ æрбалæууыдысты сыхаг регионты минæвæрттæ дæр. Миясат Муслимова. Уæрæсейы фысджыты цæдисы уæнг: «Абон ардæм æрцыдтæн 6-æм хатт. Мæхæдæг дæн фыссæг. Беслæны сывæллæтты тыххæй ныффыстон чиныг. Мæнæн ацы бынат у зæдтæм кувæн бынат. Ам къултæ дæр æппынæдзух кæугæ кæныц. Ацы бонтæ хъуамæ рох ма уой. Уый у нæ иумæйагрызт». Чи бацарæфтыд, уыдоны рухс ном ссарынмæ ма æрбамбæлдысты футболон клуб «Алания Дзæуджыхъæу» æмæ Спартак-Дзæуджыхъуы командæтæ. Гæбулты Владимир: «Ацы рызтæн рох кæнæн нæй. Дæсгай азтæ нæ фæлæ сæдæгай азтæ куы рацæуа уæддæр. Фæлтæрæй фæлтæрмæ ацы фыдохы боны тыххæй хъуамæ хъуыды кæнæм. Абон мах ардæм æрбацыдыстæм дыууæ командæйæ. Алания-Дзæуджыхъæу æмæ Спартак-Дзæуджыхъæу. Иу дæр нæ нæ фæфæстдæдæр кодта. Мах банымадтам нæ хæсыл сывæллæттæй, ахуыргæнджытæй, ныййарджытæй чи бацарæфтыд уыдоны нæмттæ ссарын». Æртæ боны вахтæ фæуыдзæн райсом, 3-æм сентябры. 13 сахаты æмæ 5 минутыл скъолайы кæрты азæлдзысты дыууæ дзæнгæрæджы. Уыцы рæстæг 15 азы размæ спортивон залы уыди фыццаг срæмыгъд. Минут æдзæмæй алæууыны фæстæ, арвмæ суаддзысты 334 урс шары. Уый фæстæ та адæм араст уыдзысты мемориалон уæлмæрд «Зæдты горæт»-мæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще