Хуыцаубоны республикæйы кæмтты цæрджытæн райдыдта Тбау Уациллайы бæрæгбон

18.04.2022
Хуыцаубоны республикæйы кæмтты цæрджытæн райдыдта Тбау Уациллайы бæрæгбон. Фыдбылыз сафæг,амонд æмæ бæркаддæттæг. Уацилла ирон зæдты æмæ бардуæгты `хсæн сæрмагонд бынат ахсы. Уациллайыл сæхи фæдзæхстой ирон адæмы фыдæлтæ - Алантæ. Цæгат Кавказы хæхты дæлвæзты куы цардысты, уæд райдыдтой зæххы куыст æмæ табу кодтой Уациллайæн. У стыр бархъомысджын, хорарæх æмæ фосарæхы бардуаг. Цæмæй уыгæрдæнты æмæ сæрвæтты хорз, сойджын кæрдæг æрзайа, уый тыххæй дæр адæм Уацилламæ кувынц. Хус рæстæг куы скæны, кæнæ бирæ куы фæуары, уæддæр ирон адæм Уациллайæн лæгъстæ кæнынц. Бæрæгбон ахæсдзæн иу къуыри. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще