Дæллаг Санибайы цæрджытæ Украинæйы сæрмагонд операцийы архайджыты фарсмæ æрбалæууыдысты

15.04.2022
Дæллаг Санибайы цæрджытæ æрбалæууыдысты Уæрæсейы æфсæддонты фарсмæ. Сæрмагонд операцийы архайджыты, фыдæлтыккон æгъдау куыд амоны, афтæ бафæдзæхстой Хуыцауыл. Хъæуы фæсивæдæй 25 ныртæккæ хъахъхъæнынц «Уæлахизы сæраппонд». Хистæрты ацы мадзалы руаджы бафæндыд сæ фарсмæ æрбалæууын. Дæллаг Санибайаг Цырыхаты хæдзар мæлдзгуыты губаккау æмызмæлд кæны. Хъæуы цæрджытæ батагъд кодтой бинонтæм. Хуымæтæджы нæ. Адæмы бафæндыд ацы уæззау рæстæг фыдæлтыккон æгъдау сæххæст кæнын – сæ хæстон бæлццæтты Хуыцауыл бафæдзæхсын. Ныртæккæ тохы цы фæсивæд бацыд, уыдоны уыцы хорзæх дæр æххуыс уыдзæн. Ам райсомæй суанг сихоры онг æвæллайгæйæ архайдтой куыд нæлгоймæгтæ, афтæ сылгоймæгтæ дæр. Алчи сæ йæ хæсыл банымадта ахæм ахсджиаг хъуыддагмæ йе `вæрæн бахæссын. Фынг куы сцæттæ, уæд стырæй-чысылæй иууылдæр æрбалæууыдысты хистæры уæлхъус. Цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, хъæуы уал азмæ æрфидар рæсугъд æгъдау. Бæллцон фæндагыл куы цæуа, уæд æй, æнæмæнг, бафæдзæхсынц Хуыцау æмæ йе сконд зæдтыл. Уыцы фæтк сын фыдæлтæй баззад. Уæвгæ, хъæуæй æфсæддон операцимæ ацыд 25 лæппуйы. Уыдоныл хъуыдыгæнгæйæ сын Дæллаг Санибайы администраци æмбырд кæны гуманитарон æххуыс дæр. Хистæртæ зæрдæ дарынц, æфсæддонтæй алчи тагъд рæстæджы йæ фыдыуæзæгыл дзæбæхæй кæй сæмбæлдзæн. Æнæмæнг, уæлахизимæ, цæмæй æгас Ирыстоныл цины бæрæгбæттæ аразой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще