Даскъоф кæд стыр хъæу нæу, уæддæр бирæ хъуыддæгтæм гæсгæ у дæнцæгæн хæссинаг

19.04.2022
Даскъоф кæд стыр хъæу нæу, уæддæр бирæ хъуыддæгтæм гæсгæ у дæнцæгæн хæссинаг. Бынæттон цæрджытæн дзы ис хорз царды уагæн æмбæлгæ уавæртæ. Афтæ ма Змейкæ æмæ Къостайы хъæу дæр. Къостайы хъæуы тыххæй нæ программæйы раздæр дзырдтам. Нæ уацхæсджытæ радзырдтой, адæм уым куыд цæрынц, уый тыххæй. Ныр нæ абоны æрмæджы та æвдисæм Даскъоф. Фæстаг рæстæг куыд аивта хъæуы цард, стæй фидæнмæ цавæр цæстæй кæсынц? Уæрæсейы социалон, культурон æмæ спортивон программæты фæрцы нæ республикæйы цалцæггонд æмæ арæзт цæуынц культурон галуантæ æмæ спортивон бæстыхæйттæ. Уый фæдыл нæ цæст ахастам Комсомольскийы хъæуыл. Куыд федтам, афтæмæй, ныртæккæ уым кæронмæ цæттæгонд æрцыд культурæйы хæдзар. Кæд раздæр зындзинæдтыл æмбæлыдысты, уæддæр бынæттон администрацийы сæргълæууæджы хъæппæрисæй бирæ ивдзинæдтæ рцыд. Культурæйы хæдзарæй уæлдай ма сæм æрæджы цалцæггонд æрцыд акушерон - фельдшерон æмæ ветеринарон пункттæ дæр. Ныртæккæ хъæуы цæрджытæ разы сты, уыйбæрц фадæттæ сын кæй фæцис, уымæй. Раздæр сывæллæттæн хиирхæфсæн бынат нæ уыд. Цæмæй сæ сывæллттæ баулæфой, уый тыххæй-иу хатгай ацыдысты районмæ. Æрæджы уавæр хуыздæрмæ раивта, æмæ ныртæккæ бынæттон цæрджыты зæрдæтæ рухс кæны ног спортивон бæстыхай. Комсомольскы хъæуы цæрджытæ бирæ азты дæргъы тыхстысты сæ фæндæгты æдзæллаг уавæры тыххæй. Фæлæ 2019 азы райдыдтой фæндæгты куыст кæнын æмæ суанг Елхоттæй хъæуы уонг ног асфальт сæвæрдтой. Уæдæ зынвадат бынæттæм цы фæндагтæ ис, уым дæр хуырджын фæндаг фæзынд. Ныртæккæ хъæуы цæрджытæ тыхсынц спортивон галуаныл. Ныронг сæ культурæйы хæдзары ис чысыл бæстыхай. Уыцы бынат сын рахай нæ республикæйы хициуад. Бынæттон цæрджытæ ныртæккæ бæстонæй архайынц, цæмæй сæ хъæу уа сыгъдæг. Алы сабаты аразыц зиутæ. Цæвиттон, разы сты, ахæм уавæртæ сæм кæй фæзынд, уымæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще