Æрæфы районы хæхбæсты цы дæрддзæф хъæутæ ис уырдæм уадзынц электрон тых

19.04.2022
Информацион технологитæ æмæ бастдзинады инфраструктурæйы райрæзтыл Цæгат Ирыстоны архайынц Цæгатказэнерго»-йы кусджытæ. Сæрмагондæй Æрæфы районы хæхбæсты цы дæрддзæф хъæутæ ис уым. Æмбæлад «Мадзаска»-йы ис 60 зæххы хайæ фылдæр. Æмбæлады цæрджыты фæнды техникон прогрессимæ æмкъахдзæф кæнын. Уый тыххæй сæм уадзынц электрон тыхы телтæ. Æрæфы районы электрон тыхы разамынды ныхæстæм гæсгæ куыст цæуы цалдæр къæпхæнæй. Фыццаджыдæр сæвæрдтой трансформаторон подстанцæ. Иу километры дæргъæн арæзт æрцыд электрон тыхдæттæн системæ. Дыккаджы, заууат уавæрмæ цы телыхъæдтæ æрцыдысты уыдонæй баивтой 500 метры. Æдæппæтæй ныффидар кодтой 40 ног цæджынзы, уыдоныл ауагътой изоляцигонд ног телтæ. Цæмæй сæрмагонд техникæ ссæуа дыгургомы бæрзæндтæм, уый тыххæй бахъуыд бульдозеры æххуыс. Зæгъын хъæуы уый æмæ æрвылбон районмæ бынæттон цæрджытæ æрбахæссынц сæ курдиæттæ цæмæй иннæ æмбаладтæм дæр электрон тых бауадзой. Уыцы курдиæттæ дæр бæрнон кусджытæ æнæ дзуаппæй нæ ныууадзынц. Энергетикты куысты фæрцы дæрддзæф хъæуты фæзыны электрон тых, уыимæ хъарм дæр. Æрдзон газ кæм нæй, ахæм уавæры электрон тых у æцæг удæнцой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще