Хатдзæгтæ скодтой
Хъæлæс кæныны иумæйаг бон ахицæн. Цæгат Ирыстоны æвзæрстытæ цыдысты цыппар районы: Æрæфы, Кировы, Алагиры æмæ Горæтгæрон районты. Равзæрстой хъæуты сæргълæуджыты æмæ бынæттон муниципалон скондты депутатты. Хасцъæты Тазрет Цыколайы 80 азы цæры. Йæхи цас хъуыды кæны — æвзæрстытæ никуы фæцух кодта. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ахсджиаг у хистæртæ сæ граждайнаг хæс куыд æххæст кæной, уый. Уымæн æмæ кæстæртæн дæнцæг сты. Ацы хатт дæр йæ конституцион бартæй спайда кодта. Æвзарæн участокмæ æппæты фыццаг æрбацыд. Фæнды йæ, цæмæй ацы æвзæрстытæ адæмы цард хуыздæрырдæм аивой, район та рæза æмæ иннæтæн фæзминаг уа. Хасцъæты Тазрет æвзæрстыты цал хатты архайдта, уыдон зын банымайæн сты. Фæлæ ацы хатт куыд ацыдысты, уый йæ зæрдæмæ тынг фæцыд. Фæткмæ гæсгæ куыд æмбæлы, афтæ. Уый бафиппайдтой æрмæст хъæлæсгæнджытæ нæ, фæлæ ма цæстдарджытæ дæр. Сæ ныхæстæм гæсгæ, Æрæфы районы 22 участочы иууылдæр байгом сты афойнадыл. Стæй 12 сахаты дæргъы дзы ницы закъонхæлдтытæ рабæрæг. Иннæтимæ абаргæйæ, Æрæфы районы цæрджытæ тынг разæнгардæй цыдысты æвзæрстытæм. Сæ граждайнаг хæс сæххæст кодтой хъæлæскæнджыты 63%. Æмбæлгæ уавæртæ арæзт æрцыд йе нæниздзинад хъыгдар кæмæн у, уыцы адæмæн. Æвзарæн участокты уæнгты куыст дзæвгар фæрогдæр кодтой бюллетентæ нымайæн аппараттæ. Нымайæн æмæ хатдзæгтæгæнæн куыст бирæ фæрæвдздæр кодтой. Дыккаг бон кæронбæттæны хатдзæгтæ уыдысты цæттæ. Территориалон æвзарæн къамисты уæнгтæ протоколтæ бафыстой. Бæрæггæнæнтæм гæсгæ, парти «Иугонд Уæрæсе»-йыл схъæлæс кодтой 55%. Дыккаг бынаты сты — «Уæрæсейы патриоттæ», схъæлæс сыл кодтой 15%. Æртыккаг бынаты парти «УФ-йы Коммунистон парти», сæ фæстæ — партитæ «Родинæ» æмæ «Справедливая Россия». Сæ хъæлæстæ сын радтой æвзарджытæ 5%-æй фылдæр. Ацы партиты депутаттæн ратдзысты 25 мандаты. Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы Депутат Хидирты Батраз йе мзæххонтæй тынг фæбузныг. Раарфæ кодта æвзарджытæн. Республикæйы центрон æвзарæн къамисы куыд зæгъынц, афтæмæй æвзæрстытæ куыд ацыдысты, уый тыххæй ничи бахъаст кодта. РЦИ-Аланийы Центрон æвзарæн къамисы секретарь Ольга Маркова: «Алы участочы къамис дæр хъуамæ бацæттæ кæна протокол. Бахæссынц æм æппæт бæрæггæнæнтæ. Дарддæр сæ бахæссынц паддзахадон автоматикон системæ «Æвзæрстытæ»-м. Æрмæстдæр уый фæстæ пъланмæ æмæ Уæрæсейы центрон æвзарæн къамисмæ сæ фиппаинæгтимæ протоколтæ бахæссынц цæстдарджытæ. Ныртæккæ цæстдарджытæм æмæ уынаффæгæнæг хъæлæсимæ къамисы уæнгтæм се ппæтмæ дæр ис протоколты къопитæ». Æвзарæн кампани фæци. Ныр бынæттон муниципалон сконды депутаттæ æвзардзысты сæ сæрдары. Хуздæрыл кæй банымайой æмæ кæй равзарой, уый æххæст кæндзæн Æрæфы районы администрацийы сæргълæууæджы хæстæ. Муниципалон сконды сæргълæууæджы банытмæ та сæ кандидатурæтæ балæвæрдтой цалдæр депутаты. Хъуамæ йæ дыууæ къуыримæ равзарой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv