Электрон тыхæй пайда кæнынмæ цæстдарды сæрмагонд къамис йæ куыстæн хатдзæгтæ скодта
Къамисы сæйраг хæс уыд, электрон тыхæн фиддонтæ ранæй-рæтты цас хъæуы уымæй фылдæр цæмæн сты, уый рабæрæг кæнын. Куыстадон къорд арæзт æрцыд адæмы курдиæттæм гæсгæ. Фæлхасгæнджытæ хъаст кæнынц, æнæ хъусынгæнинагæй сæ электрон тых кæй ахуыссын кæнынц, ууыл. Дыууæ мæйы дæргъы сæрмагонд къамис зылд Дзæуджыхъæуы бирæфатерон хæдзæрттыл. Каст, нымайæнтæ цы уавæры сты, уымæ, æмæ сын истой сæ бæрæггæнæнтæ. Электрон тыхы нымайæнтæ бирæтæн æнæзакъонæй здухынц сæ фатерты. Уый у закъонхæлд. Нымайæн фатеры сæвæрæн ис æрмæстдæр æм бæлгæ гæххæтытæ бафысгæйæ. Уыимæ уыцы нымайæнтыл пломбæтæ æвæрд цæмæн æрцыд æмæ цæмæн кусынц, уыцы фарстайæн Цæгаткавказэнерго» -йы кусджытæ дзуапп не ссардтой. Иннæ закъонхæлд - нымайæн сæрмагонд гæрз кæй нæ бæрæг кæны, ахæм уæлæмхасæн телтæй пада кæнынц арæхдæр. Электрон тых бауадзынц бирæфатерон хæдзæртты кæртытæм, гаражтæм æмæ чысыл дуканитæм. Цæрджытæ æрхъуыды кæнынц алыхуызон схемæтæ, цæмæй цы электрон тыхæй пайда кæнынц, уый нымад ма цæуа. Ахæмты «Цæгаткавказэнерго»-йы кусджытæ бæрæг кæнынц, скæнынц сыл акттæ. Уый фæстæ æфхæрд баййафынц. Иуæй-иу хæдзæртты нымайæнтæ та ма дзуапп нæ дæттынц нырыккон домæнтæн, нал кусынц, куыд æмбæлы, афтæ æмæ сæ хъæуы баивын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Похожие видео
Показать еще