Æвзæрстытæм цæттæ!
Æвзарæн къамисты 3 æмæ `рдæг мин архайæджы кусдзысты æвзæрстыты рæстæг ацы аз сентябры. 700 дзы æвзарæн хайæдты уыдзысты фыццаг хатт. Сæ куыст цæмæй, куыд æмбæлы, афтæ кæной, уый тыххæй сын хъæуы сæрмагонд ахуыртæ саразын. Абон уый тыххæй дзырдта Цæгат Ирыстоны Цетрон Æвзарæн Къамисы сæрдары хæдивæг Хъуыдаккаты Сослæнбег политикон партиты регионалон хайæдты минæврттимæ æмбырды. Æвзæрстытæм цæттæ кæныны рæстæг ахсджиаг сты æмгустады фарстатæ. Сæ куыст куыд æмбæлы, афтæ хъуамæ кæной цæстдарджытæ æмæ æууæнчы адæймæгтæ. Уæлдай ахсджиаг у, цæмæй цæстфæлдахæн митæн æвзæрстыты рæстæг бынат ма уа. Уый тыххæй тæккæ пайдаджын уыдзæн дзыллон информацион фæрæзтимæ бакусын. Æргом ныхас хъæудзæн фæсивæдимæ дæр кæнын. Хъуыдаккаты Сосланбег куыд загъта, афтæмæй ныртæккæ æрыгæттæ нæдæр æвзарæн системæ, нæдæр хицауады куыстыл æууæндынц. Цæмæй уавæр аива, уый тыххæй кусы æвзарæн къамис. Аразы алыхуызон семинартæ, брейн-рингтæ æмæ сæрмагонд ахуыртæ. Æххуысмæ æнхъæлмæ кæсынц политикон партитæй дæр. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 9 сентябры, хъæлæс кæныны иумæйаг боны, Æрæфы, Кировы, Алагиры æмæ Горæтгæрон районты æвзардзысты хъæуы сæргълæуджыты æмæ депутатты. Уыцы бон 338 æвзарæн хайадæй кусдзысты 40. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Похожие видео
Показать еще