Хъæдгæроны скъолайы сывæллæттæн æрвылбон цæттæ кæнынц тæвд сихортæ
Хъæдгæроны скъолайы райдиан кълæсты сывæллæттæн æрвылбон цæттæ кæнынц тæвд сихортæ. Сабитæ хæрынц лæвар. 2020 азы бантыст скъолайæн йæ бæстыхай бындуронæй цалцæг скæнын. Хæрæндоны дæр уыцы куыстытæ бакодтой. Йæ уавæртæ фæхуыздæр сты. Ахæм хæрзад хæринаг дзы кæнынц, æмæ, дам, сывæллæттæн раст хæрæндонмæ фæндагыл сæ комыдæттæ `руайынц. Скъолайы хæрæндон скусы райсомы 7 сахатыл. Хæринаггæнджытæ райдайынц хойрæгтæ цæттæ кæнын. Хъуамæ хæрзад рауайой, уыимæ ма дзуапп дæттой домæнтæн дæр. Ома, нæдæр цæхджын, нæдæр судзаг хъуамæ уой. Уыимæ ма, алы хойраджы бæрцмæ дæр лæмбынæг кæсынц. Сывæллæттæн хæринаг цæттæ кæнынц сæрмагонд фæткмæ гæсгæ. Снысан æй кæнынц 10 бонæн. Тефтелитæ макъаронтимæ, картофыссæст, хъæрмхуыпп, алыхуызон салаттæ, дыргътæ, цай. Иу ныхасæй сæ фынгты бæркадæн ныккæнæн нæй. Сихормæ хæстæгдæр хæринаг вæййы цæттæ. Скъолайы сихор кæнынц райдиан кълæсты ахуырдзаутæ. Хæрæндонмæ æрбацæуынц къордгай. Фыццаг уал кæстæртæ. Стæй уæд 3-æм æмæ 4-æм кълæстæ. Сабитæ зæрдæргъæвдæй фезгъорынц хæрæндонмæ. Зонынц æй, хæрзад хойрагæй кæй саходдзысты, уый. Ивгъуыд аз Хъæдгæроны скъола бындуронæй сцалцæг кодтой. Хæрæндоны уавæртæ дæр зынгæ фæхуыздæр сты. Ис дзы æппæт хъæугæ кусæнгæрзтæ. Пецтæ, уазалгæнæнтæ куыд дзидзайæн, афтæ æхсырæй конд продукцийæн дæр. Хæринаггæнджытæн æппæты æхсызгондæр вæййы, сывæллæттæ сæ тæбæгътæ куы раафтид кæнынц, уый. Сæ хорз куысты нысан у. Хæрзад æмæ тæвд сихоры фæстæ та сабитæ ахуырмæ дæр ноджы зæрдæргъæвддæрæй тырнынц. Хуасдзауты Алинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Похожие видео
Показать еще