Сывæллæтты удæнцойæн

20.04.2022
Дурынтæ, тæбæгътæ æмæ зæрдылдарæн дзаумæттæ. Алцыдæр сарæзтой сывæллæттæ, сæ райрæзт гыццыл æндæр хуызæн кæмæн у, ахæмтæ. Георгий æмæ Тимур фаззæттæ сты. Сæ мад радзырдта цы диссаджы сывæллæттæ сты уый, стæй куыд арæхсынц къухæй ацы диссæгтæ аразын, уый тыххæй. Æмæ дисаг та æцæг у, уымæн æмæ ацы сывæллæттæн сæ алы змæлд дæр зынтæй у. Сывæллæттимæ лагеры кусынц специалисттæ. Ссыдысты Мæскуыйæ. Сæ зонындзинæдтæ не вгъау кæнынц. Сывæллæттæн кæнынц реабилитацион æххуыс. Мæскуыйаг психолог Татьяна Ратынская: «Специалисттæ фаг кæй не сты, уый бæлвырд у. Уый тыххæй та фылдæр куыст ныййарджытæ кæнынц. Цы ахуыртæ аразæм мах, уыдон ныййарджытæн сты æвдисæн, сывæллонимæ куыд архайын хъæуы, уый. Ахæм ахуыртæ та хъуамæ уой алы бон». Ныридæгæн лагеры ис 14 сывæллоны. 12 дзы сты рæзт сын чи къуылымпы кæны, ахæм низтимæ. Ам вæййынц 8-9 боны. Уыцы рæстæгмæ фæцæрынц сывæллæтты центры æмæ вæййынц сæ ныййарджытимæ. Центры кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй, лагерь арæзт æрцыд ныййарджыты курдиаттæм гæсгæ. Фæлæ æртæккæ хъыгагæн сывæллæтты центр зындзинæдтæ æййафы. Нæ республикæйы ацы центрæн æмбал нæй. Фæлæ йæ авналæнтæ æгæрон не сты. Сæ куыст сæ дарддæр кæнын фæнды, сывæллæттæн зæрдиагæй æххуыс кæнынц. Фæлæ ма æнæ фæкæсгæйæ цас баудзæн сæ бон? _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Похожие видео

Показать еще