«Кванториум»-ы кусын райдыдта скъола «Зонд»
Сывæллæтты технопарк «Кванториум»-ы абон æппæтадæмон проекты фæлгæты кусын райдыдта сæрмагонд скъола «Зонд», зæгъгæ. 2 къуырийы æмгъуыдмæ, 12 азæй - 25 азы онг кæуыл цæуы, уыцы адæм кусдзысты туризмы къабазы райрæзтыл. Сæ бон уыдзæн ныффыссын алыхуызон проекттæ. Сæ хуыздæртæ рухс фендзысты. Куыд ацыд проектон скъолайы фыццаг бон æмæ цавæр уыдзæн ахуырадон программæ? Дзæуджыхъæуы абон сывæллæтты технопарк «Кванториум»-ы байгом æппæтадæмон проектон скъола «Зонд», зæгъгæ. 2 къуырийы æмгъуыдмæ 12 азæй 25 азы онг кæуыл цæуы, уыцы адæм кусдзысты туризмы къабазы райрæзтыл. Сæ бон уыдзæн ныффыссын алыхуызон проекттæ. Сæ хуыздæртæ рухс фендзысты. Проектон скъола «Зонд»-ы архаджыты нымæц 200-йæ фылдæр у. Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны раззагдæртæ цæттæ сты сæ проекттæ ныффысынмæ. Уазджыты ‘хсæн ма ис Франци æмæ Египетæй архайджытæ дæр. Туризмы райрæзтыл ам алчидæр у разы. Нæ республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министрады куыд зæгъынц, афтæмæй, кæд æмæ фыццаг хатт арæзт цæуы ахæм сæрдыгон лагерь, уæддæр ын ис рæсугъд фидæн. Сæрдыгон скъолайы архайджыты адих кæндзысты 8 къордыл: информацион технологитæ, æнæпилотон тæхæн аппараттæ, промышленннон дизайн æмæ робототехника, Hi-tech, биотехнологи æмæ æндæртæ. Сывæллæтты ныййарджытæн кванториумы мидæг экскурси саразын нæ фæзивæг кодта йæ хицау Алексей Котец. Уазджытæн радзырдта куыд кусы ацы ахуырадон бæстыхай, сывæллæтты гæнæнтæ цавæр сты. Проектон скъолайæн ма ис партнертæ дæр. Зæгъæм, информацион портал «OssetiaNews». Сæ фæнд у, цæмæй Дзæуджыхъæуы уазджытæн арæзт æрцæуа мобилон уæлæфтуан. Уый фæрцы, туристтæн æнцондæр уыдзæн Дзæуджыхъæуы рæсугъддæр æмæ цымыдисагдæр бынæтты тыххæй раст æмæ пайда информаци базонæн. Уæлæфтуан та хъуамæ арæзт æрцæуа уырыссаг æмæ англисаг æвзæгтыл. Уæдæ архайджытæн ма фæзындзæн фадат, хæлд мæсгуытæ сног кæнынæн æххуыс чи фæуа, ахæм проект æрхъуыды кæнын. Сывæллæттæ кæд бирæ сты, уæддæр сæ алчи æрбацыд йæхи ног проектон хъуыды равдисынмæ. 2 къуырийы дæргъы архайджытæн араздзысты алыхуызон цымыдисаг семинартæ æмæ ахуыртæ. Технопарк «Кванториум»-ы специалисттæ сын аххуыс кæнынмæ алкæддæр сты цæттæ. Пелиты Сабинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv