Алцыдæр уынæм
Цæгат Ирыстоны аразынц æмæ цалцæг кæнынц социалон объекттæ. Куыстытæм цæст дарынц бæрнон кусджытæ. Тускъаты Таймураз мæй цалдæр хатты бæрæг кæны объекттæ æмæ кæсы куыстыты хæрзхъæддзинадмæ. Куыд зæгъы, афтæмæй хъуамæ конд уой афоныл æмæ домæнтæн дзуапп куыд дæттой, афтæ. Абон дæр æрзылд Дзæуджыхъæуы æмæ республикæйы районтыл. Йæ зæрдæмæ цы фæцыд æмæ разыйæ цæмæй нæ баззад, уымæн æвдисæн уыд нæ уацхæссæг. Фыццаг объект - Дзæуджыхъæуы сæйраг парк. Аивгæнæн куыстытæ дзы 2 къæпхæнмæ гæсгæ уыдзысты. Ацы аз сæ фыццаг. Базидзысты уал парчы дæллаг уæладзыгыл нымад чи у, уымæ. Æппæты фыццаг Терчы былгæрæттæм базидзысты, цъæх фæлыстæ фæфылдæр кæндзысты, зæронд нывтæм гæсгæ сног кæндзысты хъæдын беседкæмæ æмæ доны къанаутæ. Дыккаг базилинаг объект - ацæргæ адæмы хæдзар «Узæлд». Июны дзы хуыссæн уæттимæ корпус райдыдтой рацарæзты куыстытæ. Радих сын кодтой 67 млн сомы. Ныридæгæн дзы баивтой бæстыхайы сæр, скодтой бетон куыстытæ. Аразджытæ зæрдæ æвæрынц - бæстыхай ноябрьмæ кæй сцæттæ уыдзæн, уымæй. Амалхъомдзинады райрæзт - ахсджиаг фарстатæй иу. Тускъаты Таймураз йæ кусæг балцы рæстæг бабæрæг кодта къалбасы куыстгæнæн завод «СИГМА Премиум». Аразынц дзы ног корпус. Æппæт куыстытыл схардз кæндзысты 56 млн сомы, 20 адæймагæн та дзы куысты бынæттæ уыдзæн. Битарты Алик, «СИГМА Премиум»-ы хицау: «Ног бæстыхайы цартæ бацæттæ кодтам, пъолтæ нæма скодтам. Æнхъæлмæ кастыстæм цавæрдæр кусæнгæрзтæм, ныр сæ Европæйæ сластой. Се ппæтæн дæр ис сертификаттæ. Хæстæгдæр рæстæг сæ сфидар кæндзыстæм. Ахæм техникæйыл кусгæйæ та, продукцийы хæрзхъæддзинад дæр хуыздæр кæны». Цы объекттыл æрзылдысты, уыдоны *хсæн ахуырадон дæр - «Кванториум». Технопаркмæ цæудзысты 5 азæй 14 азы онг кæуыл цæуы, ахæм сывæллæттæ. Кндзысты наукон-техникон куыст. Сæхи фæлвардзысты робототехникæ æмæ IT-техлогиты. Уымæй уæлдай ма премьер бабæрæг кодта Фыййагдоны, Мичурины æмæ Ногиры скъолатæ. Ахуыргæнæндæтты цалцæг кæнынц спортивон залтæ. Аразджыты ныхæстæм гæсгæ ног ахуыр азмæ уыдзысты цæттæ. Алагиры аргъуаны та аразынц дзæнгæрæгдон. Уæвгæ, аргъуан 1858 азв арæзтой, фæлæ йæ 20-æм æнусы райдиан фехæлдтой. Фæстаг азты йæм се ргом аздæхтой. Фарон декабрæй та дзы цалцæггæнæн куыстытæ райдыдтой. Ноябры хъуамæ фæуой. Тускъаты Таймураз дæр ма бабæрæг кодта Толдзгуны фельдшерон пункт, уыд Хъарман-Сындзыхъæуы, федта адæмы кæлæццаг хæдзæрттæй ногтæм раивыны программæмæ гæсгæ Советон поселочы цы хæдзар аразынц, уый хæрзхъæддзинад. Куыд бафиппайдта, афтæмæй цалынмæ объекттæ не сцæттæ уой, уæдмæ сæ бæрæг кæндзæн æмæ бæрæг кæндзæн куыстыты хæрзхъæддзинад. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Похожие видео
Показать еще