Битарты Вячеслав фембæлд Цъыккаты Земфирæимæ

20.04.2022
Цъыккаты Владимиры хъуыддаг раиртасынмæ цæуы цæстдард. Æрæгмæ йæ кæй аххосæй æргом кæнынц, уыцы барадхъахъхъæнджыты та сæ куыстæй сисдзысты. Уый тыххæй Цъыккаты Владимиры идæдз бинойнагæн загъта нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Цъыккаты Земфирæ республикæйы сæргълæууæгæй ракуырдта, цæмæй сын баххуыс кæна сæрмагонд резолюци федералон оргæнтæм радтынæй. Бацæттæ йæ кодтой, ивгъуыд сабаты Дзæуджыхъæуы цы митинг уыди, уый саразджытæ. Битарты Вячеслав сылгоймагæн куыд радзырдта, афтæмæй хъуыддагмæ йæ цæст йæхæдæг дары. Домдзæн, цæмæй хъуыддагыл куыст цæуа, рæстдзинадыл æнцайгæйæ. Битарты Вячеслав ма йын радзырдта, æрæджы Уæрæсейы слестгæнæн комитеты сæргълæууæджы хæдивæг Борис Карнауховимæ кæй фембæлди, уый тыххæй. Ныридæгæн уынаффæтæ рахастой, хъуыддагыл æрæгмæ чи куыста, уыцы кусджыты сæ бынатæй сисыны тыххæй. Ахæстоны ма цы `ртæ адæймаджы дардтой, уыдоны ауадзыны цау Битарты Вячеславы дисы бафтыдта æмæ йæм раст нæ фæкасти. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Цъыккаты Владимир амарди дыууæ азы размæ. Йæ амæлæты аххосджын кæнынц Мидхъуыддæгты министрады кусджытæй цалдæры. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Похожие видео