Республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав фембæлд Михаил Зуськоимæ

18.04.2022
58-æм æфсад æмæ республикæйы разамынды æмгуыстадыл ныхас кодтой Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ æфсады къамандыгæнæг инæлар-майор Михаил Зусько. Æрдзырдтой рæзгæ фæлтæры æфсæддон-патриотон хъомылады фарстатыл. Уыимæ ма ныхас кодтой Уæлахизы 76-æм боны кадджын мадзæлтты тыххæй дæр. Сæ дзырды сæр ма уыд Æппæтадæмон æфсæддон-техникон форум «Армия 2021»-мæ цæттæ кæныныл. Сараздзысты йæ августы, Мæскуыйы облæсты. Михаил Зусько радзырдта æфсæддон ахуырты цæттæдзинады тыххæй дæр. Æппынæдзух сæ аразынц республикæйы. 58-æм æфсады къамандыгæнæг бузныг загъта, уыцы хъуыддаджы æмбæлгæ уавæртæ арæзт кæй вæййы республикæйы, уый тыххæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще