Адæмæн лæггад
Æрвылаз августы дыккаг хуыцаубоны æппæт Уæрæсейы аразджытæ сбæрæг кæнынц сæ профессионалон бæрæгбон. Дзæуджыхъæуы дæр - афтæ. Ацы дæсныйад хъæугæ у. Уымæ гæсгæ нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав йæ хуыздæр минæвæрттæн зæрдиагæй раарфæ кодта. Аккагдæртæн та скодта зæрдылдарæн лæвæрттæ. Хуыздæртыл нымад у нæ дарддæры `рмæджы хъайтар дæр - Багаты Эрик. Йемæ фембæлдысты не сфæлдыстадон къорды уæнгтæ. Нæ рагфыдæлтæ кæддæриддæр арæзтадмæ тынг сæрæн уыдысты. Уымæн æвдисæн абоны онг нæм цы диссаджы архитетурæйы æвдисæнтæ ис, уыдон0. Æппæт уыцы хъуыддæгтæ зæрдыл даргæйæ Багаты Эрик дæр арæхсгай иу агуыридур иннæйыл æвæргæйæ, аразы цæрæн хæдзæрттæ. Ныр 37 азы. Фæнысан кæнын хъæуы уый æмæ ацы дæсныйадимæ баст домæнтæ иуылдæр æххæст кæны, кæд фæлтæрдджын амайæг у, уæддæр сæм куыд фæндыйы цæстæй нæ кæсы. Багаты Эрик у амайæг. Йæ аразджыты къордимæ æвæрынц къæйтæ, кæнынц бетон куыстытæ, аразынц хæдзæртты цæджындзтæ. Æппæт уыцы рæстæг йæ фарсмæ, æнæмæнг, йæ хæлар Джиоты Игорь. Сæ сывæллоны бонтæй иумæ сты. Сунжæйы рæзыдысты иу уынгыл, уæдæ стунденттæ куы уыдысты, уæд та иумæ арæзтадон куыстытæ кодтой. Уæрæсейы уой, Цæгат Ирыстоны - кæддæриддæр иумæ. Азтæ рацыдысты æмæ ныр архайынц Дзæуджыхъæу объектæй саив кæныныл. Уæдæ Эриккæн йæ куыст æмæ фæлтæрддзинадæн æмбæлгæ аргъ кæнынц йе`мкусджытæ дæр. Куыд зæгъынц, афтæмæй, йæ куыстыл æнувыд у, æнæзивæг.цы кæны, уый та бæстон. Æрбацæуы фыццаг кæркуасæнты æмæ афтæ изæрдалынгтæм æвæллайгæйæ кусы. Тагъд,фæлæ куыд æмбæлы, афтæ. 37 азмæ Багаты Эрик не стыр бæстæйы кæм нæ уыд, ахæм регион нæй. Уыд фæсарæнты дæр. Монголийы арæзта минаварадтæ æмæ æфсæнвæндаджы комплекстæ, Сочийы спортивон объекттæ. Йæ къухвæллой уый бæрц у æмæ цал хæдзары самадта, уый æхæдæг дæр нал хъуыд кæны. Йæ фыццаг объекттæй иу уыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет. 1984 азы дзы йæ бригадимæ райдыдтой цалдæр ног хайады амайын, сарæзтой Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты концертон зал дæр. Йæ удуæлдай куыстæн ын стыр аргъ кодта паддзахад дæр. Уымæн æвдисæн йæ бирæ хæрзиуджытæ, фæлæ сæйрагыл нымайы,цы фæлтæрддзинад райста, уый. Ацы дæсныйад йæ бирæ цæуылдæрты сахуыр кодта.Уæдæ сæ куыстæй адæмы зæрдæтæ дæр райынц. Сарæзта бирæ цæрæн хæдзæрттæ, ныссагъта бæлæстæ. Хъыгагæн, фырт схъомыл кæнын йæ къухы нæ бафтыд. Фæлæ уæддæр Эрик йæхи амондджыныл нымайы. Йæ хъарм хæдзары йæм кæддæридæр фенхъæлмæ кæсынц йæ дыууæ чызджы. Уарзон куыст, уарзон бинонтæ, гъе уый æцæг амонд у. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Похожие видео
Показать еще