Нӕ ӕдасдзинад - нӕхи къухы! | Дуг. Цаутæ. Адæм
Фæстаг заман хорз бонæй ницыма уынæм. Адæм æддæг-мидæг ауадысты, ивгъуыд азы кæрон Китайы цы коронавирус фæзынд æмæ дунейы паддзахæдтæй иуæй-иннæмæ чи гæпп кæны, уымæй. Бæргæ дзы нæхи хъахъхъæдтам, фæлæ махыл дæр йæ фæндаг ракодта. Абоны онг уал нæ республикæйы ис 4 рынчыны. Сæхи æнкъарынц хорз, кæд афтæ зæгъæн ис, уæд. Фæлæ уый ууыл дзурæг нæу, æмæ нæхи низы ныхмæ æгæр фæхъæбатыр кæнæм. Республикæйы хицауад, уый æмбаргæйæ, сфидар кодта ахсджиаг мадзæлттæ. Се `ппæт дæр сты, цы рын æрлæууыд нæ ныхмæ, уый рохтыл æрхæцынæн. Цас ахадгæ уыдзысты, уый рæстæг дæр æвдисдзæн. Фæлæ алчи йæхæдæг йæхи куы нæ хъахъхъæна, уæд ын ничи ницы бакæндзæн. Нæ абоны фембæлды рæстæг дæр нæ дзырды сæр уыдзæн коронавирусимæ баст. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Похожие видео
Показать еще