Аланты фæндæгтыл

20.04.2022
Цæгат Ирыстоны истори æмæ археологийы институты специалисттæ кусынц Кировы районы ивгъуыд æнусты сахар Тæтæртуппы. Æххуысмæ сæм ссыдысты Уæрæсейы наукæты академийы ахуыргæндтæ. Фæстаг хатт археологтæ се `рмдзæф ам ныууагътой ивгъуыд æнусы 50-æм азты. Уый фæстæ агурæн кустытæ баурæдтой, æхца сын кæй нæ фаг кодта, уымæ гæсгæ. Ныртæккæ сæ уавæртæ фæхуызджр сты. Амалхъом адæм сын баххуыс кодтой. Куыст куыд цæуы æмæ цы ссардтой археологтæ? Ивгъуыд æнусты ам уыд алайнаг стыр горæт Тæтæртупп, кæнæ та Уæллаг Джулат, зæгъгæ. Сахар ам хуымæтæджы не `рбынат кодта. Историкты хъуыдымæ гæсгæ, ныртæккæ «Елхоты дуæрттæ» кæй хонынц, уыцы бынат нæ рагфыдæлты заман уыд тынг ахсджиаг ран хи хъахъхъæнынæн. Уымæн æмæ Цæгат кавказ бастой Европæ, Хуссар Кавказ æмæ Хæстæг Скæсæнимæ. Специалисттæ кæд нырма фыццаг бон кусынц, уæддæр бирæ рагон æрмæджытæ ссардтой. Горæты истори 2 дихы кæны: алайнаг æмæ тæтæр-манголы æрбабырсты дугыл. Ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, афтæмæй алайнаг рæстæджы сахары фæзуат уыд 400 гектары. Нымад уыд егъау горæтыл канд Аланийы нæ, фæлæ æгас Цæгат Кавказы дæр. 50-æм Азты археологтæ ам ссардтой 4 аргъуаны æмæ 2 мæзджыты. Археологты ныхæстæм гæсгæ, ам цардис 10 мин адæймагæй фылдæр. Уымæй уæлдай историктæ фæнысан кодтой, адæмæн зæххытæ кæй нæ фаг кодта. Хъуыдысты сæ сæ бинонты дарынæн. Уымæ гæсгæ сæ-иу бахъуыд æндæр истытæй сæхи дарын. Уый æмæ рагон царды иннæ æвдисæнтæ, куы фæзæгъынц, хурмæ рахæссын ныр у археологты сæйраг нысан. «Ацы цыртдзæвæнтæ тынг вазыгджын сты. Горæт Уæллаг Джулаты уæлмæрдтæ сты раст историон некропольтæ. Мах фæнды бамбарын, ацы цыртдзæвæнтæ кæрæдзиимæ куыд баст сты, уый», — Уæрæсейы наукæты академийы археологийы институты кусæг Аннæ Леонтьева. Абоны бонмæ археологон агурæн куыстытæ бакæнын къухы не `фтыд - æхца сын бирæ хъæуы, йæ дзыпп равдæлон кæнынмæ паддзахад нæ тагъд кодта. Куыстытæ райдайын бантыст амальхъом адæмы руаджы. Археологтæ кусдзысты къуыри. Уыцы `мгъуыдмæ нысан кæнынц бирæ дзаумæттæ ссарын. Фæлæ уый фаг нæу. Раст æй цыма зæрдæйæ `нкъарынц, историон æрмæджытæ дзы бирæ кæй ис, афтæ сæм кæсы. Фæлæ ацы тъæпæнтæ æнæхъæнæй сбæрæг кæнынæн фылдæр фæрæзтæ хъæуы. Ахуыргæндтæ сæ зæрдæ дарынц, æппæт куыстытæ бакæнынæн сын фадат кæй фæуыдзæн, ууыл. Æмæ уæд ацы зæххытæ лыстæг сасирæй балуариккой. Уазиты Зæлинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео