Иумæ тыхджындæр стæм

20.04.2022
Кусæг балцы сæйраг мадзæлттæй иу уыд иумæйаг æмбырд саразын. Йæ нысан та - Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны уацхæсджыты æмархайд æмæ æмгуыстадыл аныхас кæнын. Специалистты хъуыдымæ гæсгæ, Ирыстоны 2 хайы дæр хъуамæ кæрæдзиимæ хæстæгдæр базонгæ уой. Уый аразгæ у уацхæсджытæй дæр. Уавæр хъуамæ аива. Хуссар Ирыстон размæ æнтыстджын къахдзæфтæ кæны. Рæзы. Цардыуаджы алы къабæзты дæр хуыздæрырæм стыр ивддзинæдтæ цæуы. Уый нæ, фæлæ ма хæдбар паддзахад цæттæ у иннæ регионтимæ æмæ бæстæтимæ æмгуыстадмæ. Æхсызгон ма уый у æмæ фембæлды рæстæг баныхас кодтой бæлвырд хъуыддæгтыл. Зæгъæм, Цæгат Ирыстоны газеттæ сæхимæ практикæмæ фæхуыдтой Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты журналистикæйы факультеты студентты. Ахæм хуызы студенттæ дæр кусдзысты сæ фæлтæрддзинадыл, мыхуыры фæрæзтæ та сæ кæсджыты зонгæ кæндзысты 2 республикæйы цаутимæ. Пресс-тур аразджыты хъуыдымæ гæсгæ, ацы мадзал хорз ахъаз у информацион æмгуыстадæн. Кусæг балцы рæстæг ма журналистты базонгæ кодтой Хуссар Ирыстоны рæсугъддæр бынæттимæ, историон æмæ архитектурон цыртдзæвæнтимæ. Се `хсæн - бæрзонд къæдзæхыл арæзт моладзандон, национ музей, стæй ногарæзт театры бæстыхай. Ныр ма уал æй уацхæсджытæ йеддæмæ ничи федта. Байгом æй кæндзысты сæрды. Пресс-туры архайджытæ алы объектимæ дæр цымыдисæй зонгæ кодтой. Уæлдайдæр та этникон журналистикæйы гильдийы студенттæ. Хуссар Ирыстоны уацхæсджытæ дæр цæттæ сты кусæг балцы Цæгатмæ ссæуын. Уæвгæ, ахæм фембæлдтытæ хорз бæрæггæнæнтæ кæй дæттынц, уый алчидæр зоны. 2 регионы кæрæдзийы цас хуыздæр базоной, цас фылдæр æмæ арæхдæр æмбæлой, уый бæрц æмгуыстад фидардæр кæндзæн. Уый та экономикæ, культурæ, социалон æмæ æндæр къабæзтыл хуыздæрырдæм фæзындзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Похожие видео

Показать еще