Хæстæгдæр рæстæг Цæгат Ирыстоны, гæнæн ис æмæ уардзæн тыхджын тæрккъæвдатæ
Æнæнхъæлæджы уавæрты Министрады управленийæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй хæстæгдæр рæстæг Цæгат Ирыстоны, гæнæн ис æмæ уардзæн тыхджын тæрккъæвдатæ. Гидрометеорологты хъусынгæнинагмæ гæсгæ Цæгат Ирыстоны тыхджын уарынтæ аххæсдзысты 9-æм маймæ. Цæугæдæтты æмвæзад фæбæрзонддæр уыдзæн, тæссаг у сæ раивылынæй. Хæхты ранæй-рæтты рацæудзысты ламидæттæ. Уый тыххæй ирвæзынгæнджытæ сидынц адæммæ цæмæй къæрцхъусдæр уой æмæ сæхи бахъахъхъæной. Бахъуаджы рæстæг та хабар кæной «101», кæнæ «01» сæрмагонд номыртæм. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Похожие видео
Показать еще