Бæркадджын тыллæг

20.04.2022
Уæдмæ уал Цæгат Ирыстоны быдыры куыстытæ сæ тæмæны бацыдысты. Нæ республикæйы хъæууон хæдзарады минæвæрттæн хъæздыг тыллæгæй сæ зæрдæ райы. Нартхор, картоф, сысджы - алцыдæр нывыл. Се `мрæнхъ ныр сфидыдта сойæ дæр. Нæ республикæйы æрдзон уавæртæ йвн æвдадзы хосау фесты, æмæ уый дæр йæхиуыл схæцыд. Нæ уацхæсджытæм бæлвырддæр хабæрттæ. Уалдзæджы цы байтауай, уый фæззæджы æркæрддзынæ. Уымæ гæсгæ хъæууон-хæдзарады минæвæрттæ бавдæлдысты æмæ сæ быдыртæ канд нартхор æмæ хурмæзилджытæй нæ саив кодтой, фæлæ ма дзы сойæйы хъæдурты талатæ дæр æрзайын кодтой. Ацы хъæууон-хæдзарадон культурæ нæм æрæджы нæ фæзынд. Фæлæ Цæгат Ирыстоны быдырты арæх не `мбæлд. Фермертæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй иннæтимæ абаргæйæ сойæйы пайда бæрæгдæр у. Баситы Алан: «Уæрæсейы ацы культурæ ног у. 7-8 азы размæ йæ райдыдтой ам дæр зайын кæнын. Парахатæй дзы пайда кæнынц, уæлдайдæр та хæдзарон фосæн холладжы номыл. Пайда дзы кæнынц хойраджы æмæ кондитерон промышленносты». Ацы аз Цæгат Ирыстоны быдыртæн сæ 500 гектары бацахстой сойæйы аив рæнхъытæ. Æрыдоны районы фермертæ йын байтыдтой йæ сæрмагонд сорт - "Ирыстон", зæгъгæ. Урсаг дзы фылдæр ис. Уымæй уæдай ма иннæтæй 50 сантиментры бæрзонддæр у. Тыллæг æмбырд кæныны рæстæг уый руаджы зæххы хай нæ бавæййынц йæ хъæдуртæ. Уæдæ сойæ цы быдырты `рзайын кæнынц, уыцы зæххытæ тынг фæхъæздыг вæййынц азотæй. Уый та пайда у, йæ фæстæ йын цы байтауой, уыцы культуртæн. Фарон зæхкусджытæн сæ къухы бафтыд сæ тыллæг базарадон аргъæй зынаргъдæрæй ауæй кæнын. Ацы аз дæр сæ фидæнмæ ныфсджындæрæй кæсынц - йæ аргъ уыдзæн 22 сомæй 25 сомы онг. Æхсызгон уый у, æмæ боныхъæд дæр зæхкусджыты барæвдыдта. Хурбонты фæстæ рацыд бæркадджын къæвдатæ. Уый мæр фæхъæздыг кодта алыхуызон пайдайаг минералтæй. Баситы Алан: «Сойæйы ис 30-50% бæрц урсаг, сой та - 27%. Сойæ уарзы куыд хъарм, афтæ дон дæр. Уымæ гæсгæ бæркадджын тыллæгæн æнæмæнг хъæуынц къæвдатæ дæр. Ацы аз нæ регионы фермертæн иттæг хорз рауад». Хъæууон-хæдзарады кусджытæн хъæздыг тыллæг æрæмбырд кæнын сæ къухы куы бафты æмæ сæ къухвæллойы бæркад сæхи цæстæй куы фенынц, уæд сын уый æрхæссы стыр удæнцой. Фæлæ уыйфæстæ сæ сагъæс свæййы продукци ауæй кæнын. Ацы хатт хъуамæ уымæй ма стыхсой. Сæ бæркады иу хай баззайы нæ республикæйы, иннæ хай та арвитынц æндæр регионтæм. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Похожие видео

Показать еще