Чырысти райгас!

20.04.2022
Стыр Куадзæны бæрæгбонмæ адæм сæхи рагацау цæттæ кæнын радыдтой. Хæдзары æфсинтæ бавдæлдысты Куадзæны аджын гуылтæ кæнынмæ, ахурынц æйчытæ. Бæрæгбонмæ цæттæдзинады тыххæй нæ дарддæры æрмæджы. Багаты Элизæ ацы бæрæгбон йа царды ахсджиаг бынат ахсы. Йæхи йæм цæттæ кæнын райдайы рагацау. Бæлвырдтæр зæгъгæйæ та сыгъдæг цыппæрæмы. Куадзæны æйчытæ хъуамæ сырх уой,уый алчидæр зоны.Раздæр Элизæ пайда кодта алыхуызон ахорæнтæй, бафтыдта иу æрттиваг дуртæ дæр. Ныр сылгоймаг равзары æрмæстдæр сырх ахорæнтæ. Бæрæгбоны номыл конд фынгыл æйчытæ йæддæмæ ма вæййы адджын гуылтæ æмæ Чырыстийы номыл къæдорæй арæзт хæринæгтæ. Уыдон дæр Элизæ йæхæдæг фæкæны. Къæдорæй конд хæринæгтæ хъуамæ цалдæр боны цæттæйæ алæууæй. Уый тыххæй уыдон дæр скæны рагацау. Хæдзары конд хæринаг куыд хæрзад вæййы,ууыл дызæрдыг ничи кæны. Фæлæ кусæн къуырийы стæмты равдæлы хи тыхтæй куадзæны фынг бацæттæ кæнын. Ахæм æнæвдæлон адæмæн дуканитæ сты æххуыс. Ис дзы бирæ продукци. Горæты дуканиты къахбавæрæн нæй. Адæм рады лæууынц адджын гуылтæм æмæ ахуырст æйчытæм. Абон æхсæвы æппæт аргъуанты райдайдзæн бæрæгбоны номыл аргъуыд. Уæд адæмæн сæ бæрæгбоны сæйраг нысантæ дæр скувдзысты . Дуканитæй уæлдай ма алыхуызæн хойрæгтæ куадзæны фынгмæ балхæнæн уыд Дзæуджыхъæуы хъæууон хæдзарадон армукъайы. Фæкусы алы сабат дæр. Ивгъуыд аз хъæууон-хæдзарадон министерствойы хъæппæрисæй фæллойгæнæг фермертæн радтой бынат сæ тыллæг уæй кæнынæн. Адæм армукъайæ разы сты. Арах се ппæты бон нæ вæййы цæуын хъæутæм æмæ фермæтæм сыгъдæг продукцимæ. Куыд зæгъынц, афтæмæй сын ныр ахæм фадат ис. Уæдæ уæйгæнджытæ дæр разы сты. Сæ кусæн бынæттæн сæ фидын нæ хъæуы. Ахсæв æппæт аргъуанты уыдзæн бæрæгбоны номыл службæтæ. Адæм цин кæндзысты, æмæ кæрæдзийæн хъусын кæндзысты ахсджиаг хабар! Чырысти райгас! Пхалæгаты Светланæ,Къуымæллæггаты Фатимæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео