Доныскъæфæнтæ

20.04.2022
Абон нæ республикæйы диныл хæст адæм бæрæг кодтой чырыстон сæйрагдæр бæрæгбæттæй иу - Хуыцауы Дзуарæфтыд. Ирон адæм æй хонынц Доныскъæфæнтæ. Афæдзæй-афæдзмæ бæрæгбоны архайы фылдæр адæм. Зæххон тæригъæдтæ сыгъдæг кæнынæн уый ахъаз у. Уымæ гæсгæ Ирыстоны кувæндæтты адæмæй азмæлæн нал уыд. Цы кадджын мадзæлттæ арæзт æрцыд, уыдоны тыххæй бæлвырддæрæй радзурдзæн нæ уацхæссæг. Нæлгоймæгты Алайнаг моладзандоны бæрæгбонимæ баст мадзæлттæ райдыдтой æмбисæхсæвмæ хæстæг. Диныл хæст адæммæ бæрæгбоны арфæтимæ бахатыд фыд Стефан. Уый фæстæ уырнджытæ дзуарыцыдæй абалц кодтой Иорданы донуатмæ. Уым адæм аргъуыд райсынц. Йæ ном та афтæ хуыйны, кæддæр Чырыстийыл цæугæдон Иорданы кæй саргъуыдтой, уымæ гæсгæ. Кæд моладзандоны донуат дзуары хуызы арæзт нæу, уæддæр нæ республикæйы нымад у тæккæ стырдæрыл. Фыд Стефан скуывта, доныл саргъуыдта. Уый номыл радтой салют. Бæрæгбон райдыдта. Æнæхъæн æхсæв моладзандоны адæмæй къахавæрæн нæ уыд, æрæмбырд сты сæдæгæйттæй. Бирæты фæндыд ирыстойнаг Иорданы хи снайын. Йесо Чырыстийау Хуыцауы арфæ айсын, хиуыл дзуæрттæ бафтауын.Сæ фылдæр æрвылаз бæрæгбоны мадзæлттæм æрцæуынц. Уырнæг адæм сæхæдæг куыд зæгъынц афтæмæй, ацы мадзæлтты фæстæ сæм афтæ фæкæсы æмæ канд сæ буар нæ, фæлæ ма сæ уд дæр сног. Ахæм æнкъарæнты уацары бахауы алчидæр. Сæхи-иу доны куы снадтой, уæд цæмæй ма суазал уой, уый тыххæй сын арт ссыгътой. Фæлæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй æнæ уыцы мадзæлттæй дæр хъарм уыд. Ацы бæрæгбоны æнæивгæ символ ссис тæвд сæн. Ацы æгъдау баст у, Чырысти аргъуыд цы Иоаннæй айста æмæ ууыл уыйфæстæ цы трагикон цаутæ æрцыд, уыдонимæ. Нæлгоймæгты Алайнаг моладзандоны уыцы бон æппынæдзух цырагъау лæууыдысты æнæнхъæлæджы службæты машинæтæ. Адæмы æдасдзинадмæ зæрдæ не хсайдта. «Нæ республикæйы 25 фондз цæрæн бынаты бæрæг кодтой Хуыцауы Дзуарæфтыды бæрæгбон. Æдасдзинад бахъахъхъæныны тыххæй куыстмæ рацыдысты мин кусæджы,уыдон уыдысты мидхъуыддæгты министрадæй,Уæрæсейы гвардийæ, хъазахъхъæгтæ», - загъта пъæлицæйы булкъон Сабанты Альберт. Бæрæгбон Куырттаты комы цы дзыллæты æрбамбырд кодта, уыдоны зæрдæты æрцард удæнцойдзинад. Бæрæгбоны кæронбæттæны аргъуыд райсын кæй бафæндыд, уыдон йæ айстой Нæлгоймæгты Алайнаг моладзандоны фыд Стефанæй. Диныл хæст адæмæн сæ фылдæр хъæлдзæгæй æрвыстой сæ бон суанг райсомы цъæхтæм. Фæлæ ма кæй бафæндыдаид, уыдонæн боны дæргъы сæ бон уыдис донуаты сæхи снайын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Похожие видео

Показать еще