Хуссар Ирыстоны æвзæрстыты æмбулы парти «Иугонд Ирыстон»

19.04.2022
Хуссар Ирыстоны æвзæрстыты æмбулы парти «Иугонд Ирыстон». Æвзарджытæ йын радтой 3276 хъæлæсы. Дыккаг бынаты ис «Адæмон парти». Чи йыл схъæлæс кодта, уыдон баисты 1790 адæймаджы. Æртыккæгтæ систы парти «Ныхас»-ы минæвæрттæ. Ис сæм адæмы 1171 хъæлæсы. Кæронбæттæны бæрæггæнæнтæ бæлвырд нæма сты. Хуссар Ирыстоны æвзæрстой парламентмæ депуттаты. Схъæлæс кодтой æвзарджыты 65% фылдæр. Æдæппæтæй ахсджиаг политикон цауы рæстæг куыстой 77 æвзарæн хайады. Уыдонæй 73 Хуссар Ирыстоны, дыууæ та - Цæгаты. Фæйнæ иу æвзарæн хайады куыста Хуссар Ирыстоны минæварады Мæскуыйы æмæ Сухумы. Æвзæрстытæ арæзт уыдысты æмхæццæ-бæлвырд системæмæ гæсгæ. Уый фæлгæты Парламенты нысангонд ис 34 бынаты. Се `рдæгмæ сын депутаттæ бахаудзысты партиты номхыгъдмæ гæсгæ. Æдæппæтæй та æвзæрстыты архайдтой 7 партийы. Иннæ бынæттæм кандидаттæ сæ ных сарæзтой иумандатон зылдтæй. Хыгъды фæнысан кодтой 98 адæймаджы. Уыдонæй 60 сты партиты минæвæрттæ, 38 та - хæдбар кандидаттæ. Æвзæрстытæм сæ хъус дардтой 70 цæстарæджы дунейы 15 бæстæйæ. 6 дзы уыдысты Уæрæсе, Абхази, Луганск æмæ Донецкы адæмон республикæтæй. Уымæй уæлдай ма Хуссар Ирыстонмæ сæмбæлдысты Германи, Финлянди, Бельги, Япони æмæ Италийæ. Уыдон æвзæрстыты цыдæн скодтой стыр аргъ. Семён Афиян, Арцахы республикайы фæсæрæйнаг хъуыддæгты министрады аппараты разамонæг: «Махæн тынг æхсызгон у республикæйæн ахæм ахсджиаг бон мах сæ фарсмæ хорз хæларау кæй æрбалæууыдыстæм, уый. Æвзæрстыты тыххæй мæ куы бафæрсат, уæд мæ бон хъæддыхæй зæгъын у, бæрзон æмвæзадыл арæзт кæй сты, уый. Адæм æвзарæн къамисмæ цыдысты бирæгæйттæй. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ цæрджытæ сæ фидæныл хъуыды кæнынц. Хуыздæрырдæм аивынмæ йыл сæхæдæг архайынц». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео