Чырыстон диныл хæст адæмæн райдыдта Стыр комдарæн

18.04.2022
Чырыстон диныл хæст адæмæн райдыдта Куадзæны размæ Стыр комдарæн. Нымад у æппæтæй сæйрагдæрыл. Есо Чырысти дзуæртты `фтыд куы райста, уæд 40 боны уыд æнæ хæринаг æмæ донæй. Абон дæр чырыстæтты, ком даргæйæ, тынг карз домæнтæ `ххæст кæнын хъæуы. Нæй хæрæн дзидза, æйчытæ æмæ урсаг. Афтæ ма хъуамæ адæймагæн сыгъдæг уой йæ хъуыдытæ æмæ йæ зæрдæйы ахаст. Куыд нымад у, афтæмæй æрмæст уыцы домæнтæ æххæстгæнæг адæймагæн айсдзæн йæ куывд Хуыцау. Уæвгæ, Ком дарын алы чырыстонæн дæр у барвæндон хъуыддаг. Фæлæ йæм адæймаг хъуамæ цæттæ уа. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ Стыр комдарæн ахæсдзæн 7 къуырийы. 2-æм майы чырыстæттæ сбæрæг кæндзысты Куадзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще