«Россети Северный Кавказ»-ы кусджытæ Дзæуджыхъæуы æнæ электрон тыхæй ныууагътой 3500 пайдагæнæджы

19.04.2022
«Цæгаткавказэнерго» æмæ компани «Россети Северный Кавказ»-ы кусджытæ Дзæуджыхъæуы æнæ электрон тыхæй ныууагътой 3500 абонентæй фылдæр. Аххосаг уымæн - электрон тыхæй пайдагæнджытæ афойнадыл сæ хæстæ кæй нæ фыстой. Фæлхасгæнджыты хæсы иумæйаг бæрц Дзæуджыхъæуы 42 милуан сомæй фæфылдæр. Уыимæ электрон тыхæй фæиппæрд сты коммуналон фиддонтæ дыууæ мæйæ фылдæр чи нæ фыста, уыдон. Коммуналон лæггæдты оператортæ хæстæ бафидынæн раттынц рæстæг 20 боны. Уыцы æмгъуыдмæ йæ хæс чи нæ бафида, уыдонæн сæ электрон тых хуыссын кæндзысты. Электрон хызæгтæй æнæзакъонæй дыккаг хатт чи спайда кæна, уыдонмæ та æнхъæлмæ кæсынц уæлæмхасæн хæрдзтæ. Сæ ныхмæ дарддæр дæр административон хъуыддæгтæ гом кæндзысты. Хицæн адæймæгтæ фиддзысты ивар 10-æй 15 мин сомы онг. Юридикон организациты хицæутты та сæ дзыппытæй исын хъæудзæн 100 минæй 200 мин сомы онг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще