Хурæй æмбæхсгæйæ

20.04.2022
Ныр дыууæ къуырийы бæрц республикæйы цæрджытæ æнтæфы уацары бахаудысты. Термометр 35 градусæй уæлæмæ куыд сгæпп кæны, уый адæймаг зонгæ дæр нæ бакæны. Тæвды адæм сæхи алыхуызон æнкъарынц. Кæмæн куыд йæ бон у, афтæ сæхи хурæй æмбæхсынц. Чи агъуыст уазалгæнæнты руаджы, чи та доны был. Хъыгагæн, бирæты дохтырты æххуыс дæр бахъæуы. Цас ахæсдзæн ахæм рæстæг æмæ дзы хи куыд бахъахъхъæнæн ис, уый базыдта нæ уацхæссæг. Термометр æвдисы 25 градусы тæвд. Афтæ Дзæуджыхъæуы сæумæрайсом вæййы . Бонæй уæлдæфы температурæ 35 градус æмæ фылдæрмæ схизы . Æгас республикæйы дæр афтæ. Алчи йæхи , куыд йæ бон у, афтæ ирвæзын кæны. Æмæ кæд фæлладуадзæн бонты сатæг рæтьæм æмæ уазал цæугæдæтты цурмæ ацæуæн ис, уæд кусгæ бонты та иууылдæр бынæттон донуæттæм агуылф кæнынц. Поликлиникæтæ æмæ рынчындæтты медицинон æххуыс чи бацагуры, уыдоны бæрц нæ къаддæр кæны. Дохтырты ныхæстæм гæсгæ, æрдзæон уавæртæм гæсгæ республикæйы бæрзонд уымæлад вæййы, уый тыххæй æнтæф зындæр фæразæн у. температурæ, цыма, уæлдæр у, афтæ фæкæсы. Тæвд бонтæ æвзæр фæзыныц адæймаджы буар, ахаст, æмæ æнæниздзинадыл. Медицинон кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй фыццаджыдæр буар донхъуаг свæййы. Донимæ буарæй ацæуынц минералтæ æмæ хъæугæ буаргъæдтæ, зæгъæм, калий æмæ магний. Ацæргæ адæм та фæтыхсынц дадзинты низтæй. Туджы æлхъывдад тынг фæбæрзонд вæййы. Фæсивæдыл дæр боныхъæд тынг фæзыны. Сæ сæртæ фæриссынц æмæ фæзилынц, сæ зæрдæ фæхæццæ кæны. Джаджиты Андрей, 4-æм поликлиникæйы радгæс хайады сæргълæууæг: «Фыццаджыдæр, ссарын хъæуы сатæг бынат. Аууоны лæууын. Æнæмæнгæй хъæуы сæр æмбæрзын. Уымæн æмæ хуры тынтæ сæрмæ æмраст куы хауой, уæд хур адæймаджы ныццæвы. Тæссаг у куы бауадзыг уа, уымæй дæр. Цæмæй уый ма рцæуа ,уый тыххæй хъæуы фылдæр дон нуазын . Уымæй æнæ уый дон нæ, фæлæ суардон. Уым ис буарæн хъæугæ минералтæ». Тынг бирæ адæм æрбамбырд вæййы сæлдæгтæ æмæ уазал къумæл уæйгæнджыты цур. Ахæм хуызы чидæртæ сæхи уазал кæнынц æмæ ирвæзын кæнынц æнтæфæй горæты астæу. Республикæйы цæрджытæ тынг æнхъæлмæ кæсынц, температурæ кæд фæкъаддæр уыдзæн, уымæ. Уæлдайдæр та Мæздæджы тыгъдбыдырты цæрджытæ æмæ кусджытæ. Ныртæккæ республикæйы тыгъдбыдырты æмæ хъæдты нырма тæссаг у зынгсирвæзтытæй. Хæхтæм æввахс уæлдай тынгдæр. Синоптикты ныхæстæм гæсгæ, ахæм æнтæф нырма цалдæр боны ахæсдзæн. Фæстæдæр температурæ 4-5 градусы æрхаудзæн. Фæлæ Сæрды дыууæ тæвдтæр мæйы нырма разæй сты. Республикæйы цæрджыты нырма æнтæфæн бабыхсын бахъæудзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Похожие видео

Показать еще