Ихтæдзынджытæй уæхи хъахъхъæнут
Хæдзæртты сæртæ æмæ тигътæй та сæ фындзтæ `рдардтой ихтæдзынджытæ. Боныхъæды уавæртæ ныртæккæ сæ фæзындæн ахъаз сты – боныгон хур мит тайын кæны, æхсæв та ныссæлынц. Дыккаг бон сæ хур куы `рбахъарм кæны, уæд хæдзары сæрæй æргæр-гæр кæнынц. Алы аз дæр нæ бæстæйы алы рæтты ихтæдзынджытæ фæцæфтæ кæнынц бирæ адæймæгты. Хъыгагæн, искæй дзыхъмард дæр фæкæнынц. Уыцы бæллæхæй хызт нæу нæ республикæ дæр. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрад сиды адæммæ, цæмæй уой къæрцхъус æмæ сæхи хъахъхъæной æваст фыдбылызæй. Стыр хъыгагæн, хæдзæртты сæртæм йæ хъус хъуамæ чи дара, уыдон сæ хæстæм бирæ хатт фæкæсынц æбæрнон цæстæй. Афоныл цы ихтæдзынджытæ не `ркъуырынц, уыдоны тыххæй адæм рынчындоны балæууынц. Уымæ гæсгæ, алчи дæр хъуамæ йæхæдæг йæхи хъахъхъæна. Искуы уæ цæст тæссаг ихтæдзынджытыл куы `рхæца, уæд æвæстиатæй хъусын кæнын хъæуы бæрнон кусджытæм. Хуыцау ма зæгъæд, фæлæ исты `рцыд, уæд закъонмæ гæсгæ аххосджынтыл уыдоны банымайдзысты. Уыдон дæр кусгæ-кусын хъуамæ сæхи хъахъхъæной фыдбылыз æрцæуынæй æмæ хæдзары сæрæй расхъиуынæй. Адæм та хъуамæ сæхи хизой, дон хæдзары тигътыл бынмæ цы хæтæлтыл цæуы, уыдонæй – æппæты тæссагдæр рæттæ уым вæййынц. Мыййаг, уæ сæрмæ уынæр кæнæ æндæр ахæм бæрæггæнæнтæ куы фехъусат, уæд хæрдмæ кæсын, цы `рцыдис, зæгъгæ, не `мбæлы. Уыцы-иу уысммæ хъуамæ уæхи нылхъиват къулмæ, хæдзары сæры кæрæттæ уæ бахъахъхъæндзысты цæфтæ райсынæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Похожие видео
Показать еще