Ног æхцатæ

20.04.2022
Уæрæсейы Федерацийы райдыдтой ног æхцатæ зилдух кæнын. 2 000 æмæ 200 сомы ног купюрæтæ куы фæзындысты, ууыл дыууæ мæйы рацыд. Фæлæ адæмы къухтæм нырма æрæджы æфтын райдыдтой. Куыд зæгъынц, афтæмæй сын ныр алыхуызон лæггæдтæн фидын æнцондæр уыдзæн. Ног æхцатæ къаддæр бынат ахсынц, кæд сæ бæрцы ахадындзинад уыцы-иухуызон баззад, уæддæр. Ныр нæ республикæйы цæрджыты бон дæр у дыууæсæдæ æмæ дыууæ мин сомы купюрæтæй пайда кæнын. Национ банчы хайад сæ байуæрста филиалтыл. Ног æхца республикæ дæр райста. Фæлварæны хуызы уæйгæнджытыл æрзылдыстæм, райсдзысты сæ æви нæ, уый сбæрæг кæныны тыххæй. Базары æртæ раны ног æхцатæ æнæкъуылымпыйæ райстой. Иу уæйгæнæй фæстæмæ, уый ногдзинады тыххæй нæ фехъуыста. Дуканийы дæр нын ног æхцайæ спайда кæнын зындзинæдтæ нæ фæзынд. Темырты Светланæ — дуканийы хицау «Дыууæ мæйы размæ ног æхцаты тыххæй фехъуыстам. Æнхъæлмæ кастыстæм æмæ сæм цæттæ уыдыстæм. Ныридæгæн сыл цалдæр хатты нæ цæст æрхæцыд. Æмæ сæ иннæ æхцаты хуызæн райсæм». Дуканигæстæ фылдæр дыууæ мин купюрæйыл дызæрдыг фæкæнынц. Тæрсынц, куы сæ афæливой, уымæй. Фæлæ хи бахъхъхъæнæн ис - ног æхцатыл ис алыхуызон бæрæггæнæн нысæнттæ. Конд та сты хæрзхъæд гæххæттæй. Дыууæ мин сомы купюрæйыл сныв кодтой сыгъзæрин тымбылæг æмæ Владивосточы хиды ныв. Уымæй уæлдай ма йыл ис голограммæйæ конд сомы ныв. Цæстæй æвзæр чи уыны, уыдонæн дæр ацы `хцайæ пайда кæнын æнцондæр уыдзæн - уырзæй `сгаргæйæ дæр хицæн кæндзысты. Банчы кусджытæ куыд зæгъынц афтæмæй цæмæй адæм ног купюрæтыл фæцахуыр уой, уымæн бирæ рæстæг нæ бахъæудзæн. Ног æхцайыл чи дызæрдыг кæна, кæнæ æндæр исты фарстатæ кæмæ фæзына, уыдонæн байгом кодтой телефонæй комкоммæ бастдзинады номыр. Алкæй бон у æрбадзурын æмæ бахъаст кæнын. Фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæнæн службæйы хъæппæрисæй 18-æм 25 январмæ кусы телефонæй комкоммæ бастдзинад. Арæзт у фæлхасгæнджыты пайдайæн, бæлвырддæр зæгъгæйæ та, 200 æмæ 2000 мин купюрæты зилдухы фæдыл. Специалисттæ алцыдæр бæлвырдæй æмбарын кæнынц. Уыимæ æхцаимæ æмæ банчы хыгъдтимæ баст цыфæнды фарстайы фæдыл дæр.Бирæтæ тæрсынц æмæ сын зæгъæм — зæронд æхцатæй дæр, раздæрау уыдзæн пайда кæнæн. Специалисттæ куыд зæгъынц афтæмæй, тагъд ног æхцаты зилдух фæфæылдæр уыдзæн. Цæмæй дзы адæм хъуаг ма уой, уый тыххæй сæ фаг бæрцæй рауагътой. Хъæуы æрмæст банхъæлмæ кæсын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Похожие видео

Показать еще