Фос дарыны куыст парахат кæны
Гæбуты Сосланæн йæ галтæ дæр цардхуыз сты, ахæм зылд сæм кæны. Зæрдæргъæвдæй кæй фæллой кæны, зындзинæдтæй кæй нæ тæрсы, уый паддзахад дæр базыдта æмæ йын баххуыс кодта æхцайы фæрæзтæй. Фæллойуарзаг адæймагæн куыст радт, æмæ йæ архайд зæрдæхсаинаг нал уыдзæн. Йæхæдæг агурдзæн гæнæнтæ æмæ фæрæзтæ йæ куыстуаты рæзтæн. Уæвгæ сын ныр æххуысгæнджытæ дæр ис. Хъæууон хæдзарадимæ йæ куыст чи сбаста, уыдонæн сæ бон у паддзахадæй гранттæ райсын. Фермерон куыстуæттæ æрæджы чи байгом кодта, уыдонæй иу — Гæбуты Сослан. Паддзахадон программæмæ гæсгæ йын лæвæрд æрцыд 2 милуаны æмæ 100 мин сомы. Сосланы рагæй фæндыд фос дарын, бирæ азты тырныдта уыцы куыстмæ, уымæн æмæ йæ йæ сабибонтæй уарзы. Фæлæ цыфæнды хъуыддаджы рахæцæн зын вæййы. Афтæ рауад ацы хатт дæр. Хи чысыл хæдзарад байгом кæныныл ацыд бирæ рæстæг, фыдæбон æмæ удхæрдтæ. Арæх сæ фæрæхойы æрдз дæр. Зæгъæм, фароны донивылд фермæ тынг бахъыгдардта æмæ йын йæ иу хай ахаста. Æрдзы хивæнд митæ нæ батыхсын кодтой, нæ фæзындысты дарддæры куыстыл дæр. Уый нæ, фæлæ ма сæ къæхтыл ноджы фæфидардæр сты. Сослан дары стурвосы 34 сæры. ГРАНТы æхцатæй ногæй самадта, дон кæй ахаста, уыцы бæстыхæйттæ æмæ агъуыстытæ. Ис ма йæм ног фæндтæ дæр. Йæ зæрды ис куыстуат фæуæрæхдæр кæнын. Йæ фосы нымæц фæфылдæр кæнын æмæ æхсыры куыст райдайын. Зæгъын хъæуы уый, æмæ фæстаг азты хъæууон хæдзарады куыстгæнджыты нымæц республикæйы фылдæр кæны. «Уый хорз у» — зæгъынц специалисттæ. Афтæмæй фылдæр кæны бынæттон продукцийы рауагъд, фæлхасгæнджытæм та хæццæ кæндзысты хæрзхъæд хойрæгтæ. Фермертæ та кæд нырма бирæ не сты, уæддæр сæ куысты æнтысджынæй æвдисынц сæхи. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Похожие видео
Показать еще