Наутæ аразын æмæ æмбырд кæныны спортæй республикон турнир
Арктикæйы зындгонд капитан Кучиты Юрийы райгуырдыл æххæст кæны 100 азы. Юбилейы фæдыл Цæгат Ирыстоны сарæзтой цымыдисаг ерыстæ - наутæ аразын æмæ æмбырд кæныны спортæй республикон турнир. Курдиатджын сывæллæттæ сæ тыхтæ базæрстой ацы вазыгджын æркасты. Куыд арæзт æрцыд æмæ цæмæй хицæн кæны спорты ацы хуыз иннæтæй, ууыл ныхас цæуы нæ дарддæры æрмæджы. Къæбысты Алан наутæ аразы æмæ æмбырд кæныны куыст кæны 5 азæй фылдæр. Йæ фыды фыдæй йæм фæхæццæ ахæм курдиат. Уымæн нырмæ дæр наутæ йæ зæрдæмæ хæстæг лæууынц. Алан дæр уæдæ ацы куыст зæрдиагæй фæкæны. Наутæ æмбырд кæныны ерысты Алан фыццаг хатт нæ архайы. Ахуыр сыл у. Уымæн æмæ æрвылмæй дæр ахæм æркастыты йæ тыхтæ февзары. Зæгъæм, Ростовы бацахста фыццаг бынат. Ныр дæр та зæрдиагæй архайы республикон турниры. Арæзт у Арктикæйы капитан Кучиты Юрийы райгуырды 100 азы юбилейы фæдыл. Архайджытæн арфæ ракæнынмæ æрбацыд республикæйы физкультурæ æмæ спорты министр, Хуыгаты Алан дæр. Цæгат Ирыстоны наутæ æмбырд кæныны федерацийы сæрдар Александр Амбаров ТА куыд зæгъы, афтæмæй фæстаг рæстæг ацы спорты хуызмæ фылдæр фæсивæд здахы йе ‘ргом. Аланæй уæлдай ма ерысты архайынц 16 скъоладзауы. Алчи дæр сæ равдыста денджызон науты алы хуызтæ. Кæцыдæртæ дзы æнæхъæнæй дæр сæхæдæг сарæзтой. Арæзт сты хъæд, авг æмæ пластикæй. Иуæй иу аразджытæ сæ куыстыл бахардз кодтой фæндзгай азтæ. Абон та сæ арæзт наутæ æнтыстджынæй архайынц æркасты. Цæмæй къуылымпыдзинады сæрты æнтыстджынæй ахизай, уый тыххæй чысыл науыл скъæрын зонын фаг нæу. Хъуамæ æнкъарай дымгæ æмæ уылæнты бæрзæнд, цæмæй ма фæкъуыхцы уай йæ цыды. Уымæй уæлдай ма науæн разамынд чи дæтты, уый ма цæстæй дæр хъуамæ хорз уына æмæ дæрддзæфтæ хорз бара. Турнир кæй номыл у, уый - Кучиты Юрийы хуызæн суæвын ерысты архайджыты бæргæ фæнды. Уый 50 азæй фылдæр службæ кодта денджызон флоты. Цы науæн разамынд лæвæрдта, уый æппæты фыцаг бахæццæ Цæгатаг полюсмæ 1977-æм азы. Нæ республикæ нын Кучиты Юрий айхъуысын кодта æгас дунейыл. Ерысты архайджытæ дæр сæхицæн сæвæрдтой хæс, ахæм бæрзæндтæм схизын. Биджелты Бертæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Похожие видео
Показать еще