Бæрнон æмæ лæмбынæгæй
Адæмы кæлæтдзаг хæдзæрттæй ногтæм раивыны, горæты æнцонвадат цардыуаджы программæтæ æмæ хъармгæнæн рæстæджы куысты фарстатæ. Уый тыххæй дзырдтой хицауадон æмбырды. Сæрдариуæг дзы кодта Тускъаты Таймураз. Йемæ ма дзы архайдтой министрадты, комитетты æмæ районты бынæттон администрациты минæвæрттæ. Æхцайы фæрæзтæй раст пайда кæныны фæткмæ уæлдай цæстдард хъæуы. Уый тыххæй иннæ аз министрадтæ сæ хæрдзтæн алы квартАлы дæр бæлвырд дзуапп дæтдзысты. Газ, дон æмæ электрон тыхæн адæмы хæстæ хъуамæ фæкъаддæр уой. Уыцы фарстайыл архайынц районты хицæуттæ. Бæрнон кусджытæ æрдзырдтой адæмы бæрæггæнæнтæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады сæрмагонд системæмæ бахæссыныл. Фиддонты паддзахадон системæ хъуамæ уа æнцон æмбарæн - фæнысан кодта хицауады сæрдар. Йæ ныхæстæм гæсгæ, тыхдæттæг куыстуæттимæ ахастдзинæдтæ уый руаджы фæхуыздæр уыдзысты. Ног информацион системæ та уымæн у ахадгæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv