Æнæзæгъинæгты æхсæв

20.04.2022
Абон Ирыстоны цæрджытæ сбæрæг кæндзысты æнæзæгъинæгты æхсæв. Хонынц ма йæ хæйрæджыты æхсæв дæр. Вæййы Ног боны агъоммæ, æмæ йæ нысан у бинонты æвзæр тыхтæй бахъахъхъæнын. Адæмы уырнынадмæ гæсгæ, цæмæй афæдзы дæргъы бинонтæ хæйрæджыты фыдæхæй хызт уой, уый тыххæй сын фæхъæуы нывонд æрхæссын. Ракурынц сæ, цæмæй сæ иннæ ацафонмæ ма батыхсын кæной. Æнæзæгъинæгтæн та нывондæн æрхæссынц сау карчы. Ацы изæр æфсинтæ скæнынц æртæ кæрдзыны, сцæттæ кæнынц фынг. Хойрагæй æцæгæлон адæймагæн саходæн нæ вæййы. Æгъдаумæ гæсгæ, бырæттæм аппарæн нæ вæййы карчы стджытæ дæр. Бинонтæ сæ кæнæ ныгæнгæ бакæнынц, кæнæ та сæ доны баппарынц. Абон уыцы æгъдæуттæм лæмбынæг сæ хъус нал дарынц, фæлæ ма уæддæр ацы æхсæв бирæтæ сбæрæг кæнынц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Похожие видео

Показать еще