Ахуыры азмæ — бæрнонæй!
Æппæтуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттæ сбæрæг кодтой Цæгат Ирыстоны скъолаты цæттæдзинад ног ахуыры азмæ. Уæлдай æргом аздæхтой, федералон программæ «Сывæллæтты спорты» чи архайы, уыцы ахуыргæнæндæттæм. Сæ фылдæр сты хъæуты, 1-æм сентябрмæ хъуамæ уой цæттæ. Адæмон фронты минæвæрттæн скъолаты уавæр сæ зæрдæмæ фæцыд, фæлæ дзы уæддæр аиппытæ ссардтой. Цавæртæ, уый базондзыстут нæ дарддæры æрмæгæй. Кълæстæ, хæрæндæттæ, спортивон фæзтæ, скъоламæ цы зæххытæ хауынц, уыдон. Скъолаты цæттæдзинад ног ахуыры азмæ цы къамис бæрæг кæны, уыдонæй иунæг хъуыддаг дæр нæ ирвæзы. Алцæмæдæр биноныгæй кæсынц. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттæ цы хъуыддагыл хæст сты, уымæ цæсгомджынæй æрæвнæлдтой. Дзырдæн зæгъæм, Ногиры дыккæгæм скъолайы цæттæдзинадмæ зæрдæ æппындæр не `хсайы. Кæд æппæт куыстытæн цыбыр рæстæг лæвæрд уыд, уæддæр иуылдæр конд æрцыдысты. Хъæуы ма æрмæстдæр спортивон залы куыстытæ кæронмæ ахæццæ кæнын. Кæд Ногиры скъолайы куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц, уæд Мичуриныхъæуы скъолайы та куыстытæ сæ тынгыл сты. Басгæрсты рæстæг Æппæтуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттæ нæдæр кусджытæй искæй баййæфтой, нæдæр хæдзарадон хайады разамонæджы. Фæлæ куыд зæгъынц, афтæмæй скъолайы агъоммæ куыстытæ кæронмæ æххæстгонд æрцæудзысты. Уæдæ ма Фарныхъæу æмæ Мустыздæхы скъолаты дæр цыдæр лыстæг хъуыддæгтæ аззад. Цыбыр рæстæгмæ ам раивтой хъармгæнæнтæ, цырæгътæ æмæ рудзгуытæ. Къултæ сахуырстой, цартæ æмæ пъолтæ дæр афтæ. Æнхъæлмæ кæсынц ног кусæнгæрзтæм. Спортивон залы ма æрфидар кодтой уæлæдарæс ивынæн, сарæзтой ма дзы хинайæн уаттæ æмæ уазæгдæттæ. Директор йæхæдæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй æппæт уыцы куыстытæ тагъд æмæ хæрзхъæд конд æрцыдысты. Басгæрсты хатдзæгтæй Æппæтуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттæ разыйæ баззадысты. Сæ ныхæстæм гæсгæ, 3 мæйы цы куыстытæ баххæст кæнынæн уыд лæвæрд æмæ кæронмæ æххæстгонд чи не `рцыд, уыцы уагхæлдтытæ æнæмæнг хъуамæ конд æрцæуой. Фылдæр уайдзæфтæ айстой, скъолаты алыварс бырутæ кæмæн нæ уыд æмæ се `ддаг бакастæн кæмæн нæ базылдысты, уыцы бæстыхæйттæ. Республикæйы æппæтурæсеон адæмон фронты штабы ахырд æмæ культурæймæ баст куыстадон къорды разамонæг Тезиаты Таймураз: «Скъолаты кæртытæн сæ дзæвгар æнæзылд сты. Спортивон фæзтæ æмбæлгæ кусæнгæрзтæй ифтонг не сты. Кæрдæг дзы карст нæу. Гæрæнтæ дæр, куыд æмбæлы, афтæ не скодтой. Ахуырадон уагдæтты гæрæнтæ хъуамæ уой 2 метры, уыцы домæнтæн иунæг скъола дæр дзуапп нæ дæтты». Скъолаты алывæрстæ, ахуырадон уагдæтты бæстыхæйттæ, æдасдзинады домæнтæ, санитарон уавæр æмæ медицинон ифтонгад куыд æмбæлы, хъуамæ афтæ уой. Ног ахуыры азы къæсæрыл скъоладзуатæ хъуамæ зæрдæрайгæ бакъахдзæф кæной. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv