Æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон хайады уæнгтæ ног ахуыры азы агъоммæ аразынц сæрмагонд рейдтæ

18.04.2022
Æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ акци «Скъоламæ фæндаг»-ы фæлгæты сбæрæг кодтой, Дзæуджыхъæуы æмæ районты скъолаты цур фæндаджы сæрты фистæгцæуджытæн цы ахизæнтæ ис, уыдоны уавæр æмæ фæндаггон нысæнттæй ифтонгад. Фылдæр хабæрттæ нæ дарддæры æрмæджы. Активисттæ Дзæуджыхъæуы ахуырадон уагдæтты цур сарæзтой рейдтæ. Цæмæй скъоладзаутæ фыдбылызæй хъахъхъæд уой, уый тыххæй ис бæлвырд домæнтæ. Ахуырадон кусæндæтты цур фæндæгтæ хъуамæ ифтонг уой сæрмагонд нысантæй, сæ кæрæтты та хъуамæ æвæрд уа бырутæ, цæмæй сывæллæттæн тæссаг рæтты фæндагмæ рацæуыны фадат ма уа. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон хайады æмсæрдар Цæгæраты Русланы ныхæстæм гæсгæ, ахæм мадзæлттæ ахуыргæнджытæн сты ахадгæ æмæ сæ дарддæр араздзысты. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ дарддæр абалц кодтой Хъæдгæроны астæуккаг скъоламæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй æппæтуæрæсеон акцийы фæлгæты цы домæнтæ ис, уыдонæн сæ фылдæр подрядон организаци нæ сæххæст кодта. Фæндаг нæ сифтонг кодтой фæндаггон нысæнттæ, уыимæ дзы нæй фæндаджы сæрты ахизæн. Цы хъæндзинæдтæ рабæрæг кодтой, уыдон фæнысан кодтой гæххæттыл. Ныр сыл бæрнон кусджытæ бакусдзысты. Хатдзæгтæ арвитдзысты нæ республикæйы паддзахадон автоинспекцимæ, ахуырад æмæ наукæйы министрадмæ æмæ Æрыдоны районы администрацимæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео